филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:21 суббота, 20 апреля 2024
19 ноября 2020, 13:18
Цæгат Ирыстоны кредитон гарантиты фонд фæхъæздыгдæр

Йæ фæрæзтæ фæфылдæр сты 85 милуан сомы онг

Бизнесæн æххуысы фæрæзтæ. Цæгат Ирыстоны кредитон гарантиты фонд фæхъæздыгдæр. Йæ фæрæзтæ фæфылдæр сты 85 милуан сомы онг. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта фонды директор Бериаты Георгий. Ацы структурæ зынгæ æххуыс у амалхъом адæмæн. Йæ фæрцы чысыл æмæ астæуккаг бизнесы кусджытæ æнæ цæлхдуртæй банктæй исынц кредиттæ. Ацы хъуыддагæн уæлдай ахадындзинад ис пандемияйы рæстæг. Дыууæ ивгъуыд азмæ фонд бафыста æмгуыстады 12 бадзырды. 2020-æм азы та сæ нымæц схызт 16-мæ. Бæстондæр ацы темæйыл радзырдта фонды директор, æмæ йæм байхъусæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania