16 июля 2020, 16:54
Цæгат Ирыстоны ма ивгъуыд суткæмæ коронавирус раиртæстой ноджыдæр 17 адæймагмæ
Афтæмæй, 16-æм июлы райсомы 8 сахатмæ республикæйы хыгъд æрцыди коронавирусæй рынчын 4320 адæймаджы
Цæгат Ирыстоны ма ивгъуыд суткæмæ коронавирус раиртæстой ноджыдæр 17 адæймагмæ. Ацы бæрæггæнæнтæ абон райсомæй фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы пресс-службæ. Афтæмæй, 16-æм июлы райсомы 8 сахатмæ республикæйы хыгъд æрцыди коронавирусæй рынчын 4320 адæймаджы. Уыдонæй 487 адæймаджы сæхи дзæбæх кæнынц амбулаторон уагæй. 26 – рынчындæтты, 3740 адæймаджы сдзæбæх сты. 67-æй амардысты.