филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:14 среда, 24 апреля 2024
15 сентября 2020, 14:14
Цæгат Ирыстоны медицинон академийы рауагъдонтæ æнусы æмбисы фæстæ ногæй фембæлдысты

Бирæтæ дзы систы наукæты доктортæ æмæ профессортæ, абон дæр сты медицинон къабазы раззагъддæр кусджытæ

Цæгат Ирыстоны медицинон академийы рауагъдонтæ æнусы æмбисы фæстæ ногæй фембæлдысты. Бирæтæ дзы систы наукæты доктортæ æмæ профессортæ, абон дæр сты медицинон къабазы раззагъддæр кусджытæ. 50 азмæ ацы фæлтæрджын дохтыртæ  иу æмæ дыууæ адæймаджы не сдзæбæх кодтаиккой.  Фембæлды рæстæг сын уыд бирæ мысинæгтæ ме студентон бонтæй. Уæдæ ацы бон дæр сæ зæрдыл бадардзысты.

Медицинон институты рауагъдонтæм фæсидт Республикæйы сгуыхт дохтыр Теблойты Михаил. Йæ разныхасы фæстæ фембæлдмæ æрбацæуджытæн радтой кады гæххæттытæ æмæ лæвæрдтæ.

Фембæлдмæ æрбахуыдтой Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт дохтыр, Цæгат Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг æмæ Медицинон академийы кафедрæйы  сæргълæууæг Бутаты Таймураз

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania