филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:30 суббота, 20 апреля 2024
31 августа 2020, 13:11
Цæгат Ирыстоны нысан кæнынц дзæбæхгæнæн кæрдæджытæй хомаг аразын райдайын

Проект нырма царды æрæджы рацыд, æмæ къæпхæнтæм гæсгæ куы цæу æххстгонд, уæд дзы канд адæмæн куысты бынæттæ нæ фæзындзæн

Рынчыны æнæниздзинад аразгæ у, цы хостæй йæ дзæбæх кæнынц, уымæй. Æмæ кæд абон афтекты бирæ низты ныхмæ балхæнæн ис хостæ, уæд нæ фыдæлтæ та пайда кодтой алыхуызон кæрдæджытæй. Нæ республикæйы кæмттæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, хъæздыг сты уыцы хорзæхæй. Цалдæр кæрдæджы кой нын ракодта Джимарайы цæрæг Уарзиаты Æхсар.

Цæгат Ирыстоны кæмттæ æмæ рæгътæ  канд алæмæты рæсугъдзинадæй сæхимæ не лвасынц, фæлæ ма йæ алæмæты уæлдæфæй. Цæст цы æнæкæрон кæркæ мæркæ дидинджытæ рæвдауынц, уыдонæн сеппæт аргъ кæнын нæ зонынц. Кæддæр та, нæ фыдæлтæ дохтырæн йæ кой дæр куы нæ хъуысто, уæд сæхи æмæ сæхиуæтты дзæбæх кодтой зæххы лæвæрдтæй – кæрдæджытæй. Джимарайы цæрæг  уарзиаты Æхсар абон дæр пайда кæны æрдзон хорзæхтæй.

Кæрдæджыты æвдадзы хос уырнын кæны ахæм фæтк дæр æмæ хохы цы фос хизы, уыдон рынчын дæр нæ кæнынц, зæгъы Æхсар æмæ сиды æрдзон хорзæхтæ цæмæй нæ къхæты бын ма акæнм, фæлæ сæ нырыккон царды дæр пайда кæнæм. Уыцы хъуыдыимæ разы у нæ республикæйы разамынд дæр æмæ Регионы райрæзты агентады бындурыл арæзт æрцыд программæ. Йæ фæлгæты кæрдæджытæй райдыдтой аразын куыд цай, афтæ алыхуызон хостæ.

Проект нырма царды æрæджы рацыд, æмæ къæпхæнтæм гæсгæ куы цæу æххстгонд, уæд дзы канд адæмæн куысты бынæттæ нæ фæзындзæн,  фæлæ ма адæмы фидар æнæниздзинадыл дæр. ææниз æхсæнад та у фидар экономикæйæн йæ бындуртæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania