филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:42 среда, 17 апреля 2024
27 ноября 2020, 13:02
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты цæуы студентон медиафорум

Дыууæ боны дæргъы амондзысты хæрзхъæд телеуынынады æмæ интернеты сусæгдзинæдтæ

Цы у репортаж, куыд ис кусæн социалон хызæгты æмæ цавæр программæтæй спайда кæнын хъæуы, цæмæй хуызист рауайа æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ? Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты цæуы студентон медиафорум. Дыууæ боны дæргъы амондзысты хæрзхъæд телеуынынады æмæ интернеты сусæгдзинæдтæ. Сæ зонындзинæдтæ не вгъау кæнынц федералон æмæ регионалон дзыллон информацион фæрæзты кусджытæ. Тренингты руаджы ахуыр кæнынц командæйы кусыныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проект «Медиацентр СОГУ» рамбылдта Уæрæсейы фæсивæдон конкурсы грант. Йæ фæрцы абон фадат фæзынд студентон медиацентры куыст сног кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania