филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:26 вторник, 16 апреля 2024
11 июня 2019, 12:15
Цæгат Ирыстоны профессионалон теннисы Уæрæсейы чемпионат сарæзтой фыццаг хатт

Уæрæсейы чемпионаты теннисæй архайынц нæ бæстæйы 24 регионы хуыздæр спортсментæ.

Цæгат Ирыстоны профессионалон теннис сæвзæрд 20 азæй фылдæры размæ. Фæлæ дзы Уæрæсейы чемпионат фыццаг хатт сарæзтой. Ацы ерыстæ турниры архайджытæн фадат дæттынц фидæны къахдзæфтæн. Ерыстæ байгом кодтой кадджын уавæры, спортсменты арæхстдзинадмæ бакаст не сфæлдыстадон къорд дæр.

Уæрæсейы чемпионаты теннисæй архайынц нæ бæстæйы 24 регионы хуыздæр спортсментæ.

Турнир у бæрзонд æмвæзадыл, уымæн æмæ дзы райгуыры стыр спорты æнтыстджын къахдзæфтæ чи акæны, ахæм теннисисттæ, загъта республикæйы спорты министр Гæбулты Владимир.

Турниры кадджын уазджыты æхсæн ис Музаты Ричард. Спортсмен у ацы клубы хъомылгæнинагтæй иу, стыр теннисы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къуыхы бафтыд, уыдонæй. Абон профессионалон турнирты уæлахиздзау мысы, сывæллонæй ам тренировкæтæ куы кодта, уæд фæзуат дæр уыд асфальтæй æмбæрст, стæй дзы ахæм бæрзонд æмвæзадыл турниртæ уæвæгæ дæр нæ уыд.

Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ чи бацыд, уыдонæй иу у Созаонты Нинæ. Уæрæсейы чемпионат йын у фидæны ерыстæм цæттæгæныны къæпхæнтæй иу. Ацы спорты хуызмæ куыд фæндыйы цæстæй нæ кæсы, ерысты архайы, кæд æмæ æрæджы йæ уæхск цæф æрцыд, уæддæр. Теннисæй Нинæ хъазын райдыдта сывæллонæй.

Ерысты æмвæзадæн бæрзонд аргъ скодтой тæрхонгæнджытæ дæр. Сты Уæрæсейы алы регионтæй.Ерыстæ цæудзысты 15-æм июньмæ. Уæд уыдзысты сæйраг хъæзтытæ, уыцы бон схорзæх кæндзысты уæлахиздзауты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania