филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:29 суббота, 20 апреля 2024
23 декабря 2020, 13:02
Цæгат Ирыстоны сарæзтой конкурс «Хуыздæр дохтыр»

Кæронбæттæн къæпхæнмæ рацыд 12 дохтыры

Цæгат Ирыстоны сарæзтой конкурс «Хуыздæр дохтыр». Кæронбæттæн къæпхæнмæ рацыд 12 дохтыры. Уыдонæй иу у Битарты Фатимæ. Дзæбæх кæны Джызæлы сывæллæтты. Йæ куыстимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Гаглойты Светланæйæн.

Джызæлы амбулаторимæ чысыл Дамир æрбацæуы мидбылхудтимæ. Сывæллæтты дохтыр Битарты Фатимæ зоны сусæгдзинæдтæ, цæмæй кæстæртæ сæ урс халаттæй ма тæрсой. Фатимæ ацы дæсныйад равзæрста, йæхæдæг ма сывæллон куы уыди, уæд.

Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыры ном райсыны конкурсы архайджытæй кæронбæттæн къæпхæнмæ рацыд 12 дохтыры, уыдонæй иу у Битарты Фатимæ. Конкурсы нысан у медицинон кусæджы кад бæрзонддæр кæнын æмæ сæ схорзæхджын кæнын.

Ныртæккæ уæлахизмæ тырнынц 5 терапевты æмæ 7 педиатры. Хуыздæр дохтыр æвзæрст цæуы хуымæтæг адæмы хъæлæстæй.

Битарты Фатимæ ныронг бакуыста Æрыдоны, Мызуры, архайдта программæ «Смелый доктор»-ы, ныр та фидарæй зæгъы, йæ бынат кæй ис ам æмæ йæ рынчынты никуы ныуадздзæн.

Хуыздæр дохтыры конкурс цæудзæн 10-æм январьмæ. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ, стæй профилон къамисы сусæг хъæлæстæй сбæрæг кæндзысты кадджындæр дохтыры ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania