филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:48 среда, 24 апреля 2024
16 января 2020, 12:46
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, Доныскъæфæнты адæмыл цы бынæтты саргъаудзысты, уыдон

Доныл саргъауынц дыууæ хатты – 18-æм январы æхсæвы æмæ 19-æм январы бонæй.

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, Доныскъæфæнты адæмыл цы бынæтты саргъаудзысты, уыдон — хъусын уæны Дзæуджыхъæуы æмæ Аланийы епархийы пресс-службæ. Ацы аз республикæйы цæрджытæн  æмæ уазджытæн байгом кæндзысты 10 найæн бынаты –  Æрыдоны, Хъæдгæроны, Мæздæджы, Луковскæйы, Бирæгъзæнджы, Дигорайы. Уымæй уæлдай найæн бынæттæ байгом уыдзысты Павлодольскæйы æмæ Терскæйы  станицæты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Доныскъæфæнтæ бæрæг кæнынц 19-æм январы. Доныл саргъауынц дыууæ хатты – 18-æм январы æхсæвы æмæ 19-æм январы бонæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania