филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:27 пятница, 19 апреля 2024
09 июля 2020, 17:55
Цæгат Ирыстоны сидзæр сывæллæттæ ацы аз райсдзысты 73 фатеры

Уый тыххæй профилон къамисы æмбырды Азымты Иринæйæн фехъусын кодтой дзуапдæттæг ведомствæты минæвæрттæ

Цæгат Ирыстоны сидзæр сывæллæттæ ацы аз райсдзысты 73 фатеры. Уый тыххæй профилон къамисы æмбырды Азымты Иринæйæн фехъусын кодтой дзуапдæттæг ведомствæты минæвæрттæ. 14 фатеры уал дзы сты цæттæ, хъæуы ма сæ хæдзары дзаумæттæй сифтонг кæнын, æмæ сын сæ дæгъæлтæ сæ хицæуттæн раттын. Æмбырды æрныхас кодтой, 2018-æм азы аиппытимæ цы социалон цæрæнуæттæ радтой, уыдоны фарстайыл дæр. Ныртæккæ уыцы 12 фатерæй 11-ы къуылымпыдзинæдтæ иуварсгонд æрцыдысты. Уæвгæ та сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны фарстамæ йæ цæст дары республикæйы Сæргълæууæг йæхæдæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania