филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:32 четверг, 25 апреля 2024
07 февраля 2020, 15:49
Цæгат Ирыстоны цæрджыты æдасдзинад æмæ хорз цард сты æххæстгæнæн хицауады æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты сæйрагдæр хæс

Уый тыххæй республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фехъусын кодта Уæрæсейы Слестгæнæн Комитеты цæгатирыстойнаг Слестгæнæг Управленийы коллегийы уæрæхгонд æмбырды

Цæгат Ирыстоны цæрджыты æдасдзинад æмæ хорз цард сты æххæстгæнæн хицауады æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты сæйрагдæр хæс. Уый тыххæй республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фехъусын кодта Уæрæсейы Слестгæнæн Комитеты цæгатирыстойнаг Слестгæнæг Управленийы коллегийы уæрæхгонд æмбырды. Хатдзæгтæ дзы скодтой 2019-æм азы куыстæн, стæй сæвæрдтой ацы азмæ нысантæ. Слестгæнæн комитеты, æмæ барадон системæйы архайд, æмтгæй райсгæйæ, кæддæриддæр вæййы сæйрагдæр. Бæлвырддæр та коррупцийы ныхмæ тох, адæмы æдасдзинад тыхсын кæнынц нæ республикæйы алы цæрæджы дæр. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæм чи бацæуы, уый хъуамæ фидарæй уырна, кæй йын баххуыс кæндзысты, уый, – загъта Битарты Вячеслав. Регионы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй 2020-æм азы райдианы нæ бæстæйы федералон хицауады æрцыди зынгæ ивддзинæдтæ. Афтæ Уæрæсейы Слестгæнæн Комитет дæр ацы аз райдыдта ног разамонæгимæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй æхсæнад æнхъæлмæ кæсы ахадгæдæр куыстмæ. Стыр æргом аздахын хъæуы фыдракæндтæ æргом кæнынмæ. Республикæйы разамынд та хъуамæ цæттæ уа кæддæриддæр барадхъахъхъæнæг оргæнтæн æххуыс кæнынмæ.  Йæ дзуапдæттæн раныхасы  слестгæнæн управленийы разамонæг Валерий Устов радзырдта оперативон куысты хатдзæгты тыххæй. Кæронмæ иртæстгонд æрцыд 416 уголовон хъуыддаджы. Уыдонæй 152 баст сты уæззау фыдракæндтимæ. 352 уголовон хъуыддаджы та барвыстой тæрхондонмæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania