филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:42 четверг, 25 апреля 2024
09 октября 2020, 14:34
Цæгат Ирыстоны цæугæдæтты алыварс цæуынц былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ

Бындурон цалцæггонд цæуынц, донивылдтытæй æппæтæй тæссагдæрыл нымад чи у, ахæм участоктæ

Цæгат Ирыстоны цæугæдæтты алыварс цæуынц былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Бындурон цалцæггонд цæуынц, донивылдтытæй æппæтæй тæссагдæрыл нымад чи у, ахæм участоктæ. Стыр æргом аздæхтой, тæрккъæвдатæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы хъахъхъæнæн кусæнгæрзтæм

Доныбылгæрæттæ фидаргæнæн фæрæзты 600 метрæй сæ фылдæр хай сты пырх. Фарныхъæуы ацы фарстамæ каст никуы цыди. Цалцæггæнæн куыстытæ дзы 40 азмæ цæуынц фыццаг хатт. Райхæлдтой, чи нал бæззыд, уыцы конструкцитæ, фидар кæнынц фæхстæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хъуыддæгтæ пайдайаг рагæй нал сты. Рæстæджы цыдимæ заууатмæ æрцыдысты. Уалдзæджы ам донивылдтытæ вæййы тынг арæх. Хъæуы цæрджытæ тыхстысты, фидаргæнæн фæрæзтæ кæй нал бæззыдысты, уый тыххæй дон йæ былтæй куы ракæла, зæгъгæ.

7 бетонæй конд цæджындзы хъахъхъæнынц, цæмæй дон былгæрæттæ ма ныппырх кæна, уымæй. Ам куыстытæм бавнæлдтой, доны æмвæзад куы фæкъаддæр, уæд, уый размæ сын фадат нæ уыди. Сентябры райдыдтой рагагъоммæйы куыстытæ. Республикон программæ «Экологи» Терчы былгæрæттæм бындуронæй базилылæн радих кодтой 50 милуан сомы.

Куыд Фарныхъæуы, афтæ Æрыдоны районы дæр цæугæдоны былгæрæттæ фидаргæнæн фæрæзтæ сты тынг æдзæллаг уавæры. 90% нал бæззынц. Куыстытæ дзы хъуамæ райдыдтаиккой сæрды, фæлæ дзы-иу цы аразæн æрмæг баластой, уыдон-иу доны бын фесты.

Республикæйы районты донивылдтытæй бахъахъхъæныны куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз. Уыцы-иу рæстæг куыст цæуы донвæдтæ сыгъдæг кæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania