Традицимæ гæсгæ саударæн æмæ мысæн мадзæлттæ райдайынц, минут æдзæмæй алæууынæй
Æнæуынондзинады амæттæгтæ. Цæгат Ирыстоны цæуынц Холокосты номарæн бонтæ. Традицимæ гæсгæ саударæн æмæ мысæн мадзæлттæ райдайынц, минут æдзæмæй алæууынæй. Сойын цырæгътæ ссудзынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты амæттæгты номыл. Историон лекцийы фæстæ адæм бакæсынц документалон кинонывтæм. Холокост ахаста 6 милуан адæймаджы царды. Уыдоны хсæн канд дзуттæгтæ нæ уыдысты. 75 азы размæ 27-æм январы Сырх Æфсады салдæттæ, сæ сæргъы маршал Конев, афтæмæй суæгъд кодтой концлагерь «Освенцим»-ы амынæтты. Уæд дзуттаг адæмæн баххуыс кæнынмæ балæууыдысты 35 мин адæмыхатты минæвæрттæ. Се хсæн уыдысты ирæттæ дæр. Дзæуджыхъæуы, æхсæнадон-культурон центр «Шолом»-ы кусы Холокосты музей. Хæссы Александр Печерскийы ном. Экспозицимæ бакæсгæйæ, æцæгæйдæр банкъарæн ис дзуттаг адæмы зæрдæйы рыст. Лекцитæ æмæ экскурситæ арæзт цæудзысты æнæхъæн къуыри.