филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:38 пятница, 29 марта 2024
20 октября 2020, 11:50
Цæгат Ирыстоны зæрдиагæй æххæст кæнынц паддзахадон программæтæ æмæ национ проектæ

Уыдоны фæрцы аразынц æмæ бындурон цалцæг кæнынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объектæ

Цæгат Ирыстоны зæрдиагæй æххæст кæнынц паддзахадон программæтæ æмæ национ проектæ. Уыдоны фæрцы аразынц æмæ бындурон цалцæг кæнынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объектæ. Проекттæ царды уадзгæйæ фыццаджыдæр кæсынц куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ контракты æмгъуыдтæм. Фæлæ арæх хъуыддаг къуылымпы кæны, кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Уыцы æмæ æндæр фарстатыл дзырдтой проектон офисы æмбырды рæстæг. Ацыдис видеобастдзинады фæрцы æмæ йæ амыдта Битарты Вячеслав. Республикæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй регионалон бюджет æрвылаз хардз кæны авдсæдæ милуан сомæй фылдæр, цæмæй нæм уа дурамайджытæ, æндадзджытæ, монтажниктæ. Фæлæ уæддæр подрядон куыстуæттæ бацагурынц иннæ регионтæй специалисттæ. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, уавæр ис аивæн æрмæстдæр астæуккаг ахуырады куыстуæтты разамонджыты æмгуыстады фæрцы бынæттон амалхъомады минæвæрттимæ.

Хъæуы саразын сæрмагонд кафедрæтæ, цæмæй фæсивæд сæ фидæны дæсныйадмæ æмхиц кæной наукæйы бындурыл. Ахуырады министрад та хъуамæ къуырийы æмгъуыдмæ бацæттæ кæна, уыцы нысан сæххæст кæныны мадзæлтты фæндаггон картæ. Æмбырды рæстæг куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уал кафедрæ сараздзысьы арæзтадон компани СТК-59-ы бындурыл. Ныртæккæ 27 скъолайы æххæст кæнынц химион-биологон ахуырады программæ. Йæ фæрцы бæлвырд наукæтæм бæстон æмхиц кæнынц 50 адæймаджы. Математикон ахуырады райрæзты программæйы руаджы та сараздзысты æртын фондз сæрмагонд къорды. Программæ царды рауаддзысты Республикæйы физикон-математикон лицейы.

Программæйы фæлгæты сæ квалификаци фæхуыздлæр кæндзысты математикæйы ахуыргæнджытæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ахуырадон программæтæн сæ сæйраг нысан у нæ республикæйы информацион-технологон къабазы специалистты нымæц фæфылдæр кæнын. Нæ республикæйы уымæй уæлдай фæнд кæнынц байгом кæнын курдиатджын сывæллæтты фарсхæцты центр. Сараздзысты йæ æнæбюджетон фæрæзтæй. Проектон офисы æмбырды рæстæг цы хъæппæристæ загътой, уыдон сæххæст кæныны тыххæй Битарты Вячеслав хæслæвæрдтæ радта бæрнон ведомствоты разамонджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania