филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:13 пятница, 19 апреля 2024
16 января 2020, 17:10
Цæгат Ирыстоны зынгæ фæфылдæр сты фæлхасгæнджыты бартæ халынимæ баст хъæстытæ

Уый тыххæй, республикæйы сæргълæууæджы цур арзæт профилон советы æмбырды, фехъусын кодта Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды республикон Управленийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ

Цæгат Ирыстоны зынгæ фæфылдæр сты фæлхасгæнджыты бартæ халынимæ баст хъæстытæ. Уый тыххæй, республикæйы сæргълæууæджы цур арзæт профилон советы æмбырды, фехъусын кодта Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды республикон Управленийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ. Кæд 2018-æм азы уыд 279 хъасты, уæд 2019-æм азы кæронмæ сæ нымæц схæццæ 529-мæ. Адæмы хъæстыты фылдæр хай баст у лæггæдтæ исынимæ. 38% фылдæр баст у базарадимæ, 14 процентæй фылдæр – цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады лæггæдтимæ, уыйбæрц ма – туризмы къабазы лæггæдтимæ. Уый фæстæ та цæуынц ахуырадимæ, æрвылбоны цардимæ, транспортимæ, æнæниздзинадхъахъхъæнынадимæ, техникон лæггæдтимæ æмæ æндæр къабæзты архайдимæ баст хъæстытæ. Сæйрагдæр аххосæгтæм хауынц – æнæхæрхъæд товартæ æмæ лæггæдтæ. Уыимæ фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы специалисттæн 18 хатты бантыст æвзæр товарты ныхмæ фæстæмæ æхца райсын. Сæ иумæйаг аргъ у 266 мин сомы. Арæзт æрцыд 38 протоколы административон барадхæлдтыты тыххæй. Ивартæ та бафидын кодтой 32 мин сомæн. Советы уæнгтæм сидгæйæ, вице-премьер Годжысаты Тамерлан загъта, фæлхасгæнджыты бартæ хæлд кæй цæуынц, уыцы фарста нæ республикæйы тынг карзæй кæй лæууы, уый. Цæрджытимæ фембæлдтыты рæстæг Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн адæм арæх рахъаст кæнынц алыхуызон лæггæдты хæрзхъæддзинадæй. Уæлдай тынгдæр хауынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазмæ. Вице-премьер бадомдта, ацы фарстатæм бæстондæр кæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania