филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:13 четверг, 25 апреля 2024
21 ноября 2019, 18:10
Цæгатирыстойнаг спортсментæ систы рог атлетикæйæ дунеон чемпионаты призертæ, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты хсæн

Дубайы цы ерысты архайдтой, уым Уæрæсейы иугонд командæйæн рамбылдтой цалдæр майданы, æмæ ма райстой лицензи 2020-æм азы Японийы Паралимпиадæйы архайынмæ

Цæгатирыстойнаг спортсментæ систы рог атлетикæйæ дунеон чемпионаты призертæ, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты хсæн.  Дубайы цы ерысты архайдтой, уым Уæрæсейы иугонд командæйæн рамбылдтой цалдæр майданы, æмæ ма  райстой лицензи 2020-æм азы Японийы Паралимпиадæйы архайынмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хæуытаты Зитæ.

Цалдæр боны æмæ та ногæй тренировкæты  Ирыстоны. Боныхъæд хуыздæр æмæ хъармдæр  хъуаг у, фæлæ сæ уый дæр нæ уромы. Ацы  фæсивæд  зындзинæдтæй  нæ тæрсынц, фæллад уадзыныл ахуыр не сты,- зæгъы сæ тренер. Уыцы миниуджыты руаджы систы иугонд командæйы архайджытæ. 

Се нæниздзинад  хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментты хсæн  ерысты архайгæйæ,  дунейы чемпионаты ирон  спортсментæ  равдыстой  стыр æнтыстдзинæдтæ. Афтæмæй, Уæрæсейы иумæйаг уæлахизмæ  бахастой сызгъæрин,  æртæ  æвзисты æмæ æртæ бронзæ  майданы.

Сæ хъарутæ æвзæрстой  129 паддзахады минæвæрттæ. Уæрæсейы  иугонд  командæйы ис 44 адæймаджы, уыдонæй 6 сты Ирыстонæй. Сæ размæ хæсæвæрд – Японийы цы Паралимпиадæ  цæудзæн, уырдæм бахауын сæ къухы бафтыд. Командæйы архаæджытæй алчидæр бацахста фыццæгæмæй  цыппæрам  бынатмæ йæхи дисциплинæйы. Сланты Виктория дыууæ азы йеддæмæ нæма архайы рог атлетикæйы, фæлæ фыццаг æвзарæн ерысты равдыста хорз бæрæггæнтæ.

Дардмæ æмæ хæрдмæ гæпп кæнынæй, спринт, æфсæйнаг къори æппарын – рог атлетикæйы æппæт  хуызты дæр уæрæсейаг спортсментæ  архайдтой  активонæй. Мæргъиты Георгийы гæпп кæнынæй  ничи амбулдзæн. Хæрзиуæг рамбулынмæ  тынг  хæстæг уыд Георги дæр. Хæрдмæ сгæпп кодта 1, 92 м  æмæ бацахста 4 бынат. Ахæм бæрæггæнæн ын бар дæтты иннæ аз  Олимпаг  хъæзтытæм ацæуынæн.  Куыд уынæм,  афтæмæй не хсæз спортсмены дæр  сæхи цæттæ кæндзысты Олимпаг хъæзтытæм.

Ирыстоны спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ: Гаглойты Валерий, Куымæриттаты Валерий, Хъороты  Барис æмæ Хуыгаты Гочæ.

Цыбыр рæстæг фæллад уадзынæн, æма та не спортсментæ сæхи цæттæ кæнын райдайдзысты ерыстæм. Олимипиадæйы сын цæмæй бар уа архайын, уый тыххæй уал иттæг хорз бæрæггæнæнтæ хъуамæ равдисой Уæрæсейы Чемпионаты иннæ аз, мартъийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania