филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:19 пятница, 19 апреля 2024
25 февраля 2020, 12:48
Тугъанты Махарбеджы номыл музей йæ дуæрттæ бакодта аивадуарзджытæн

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, рагондæр бæстыхæйттæй иу рацарæзты фæстæ кадджын уавæры байгом фарон

Тугъанты Махарбеджы номыл музей йæ дуæрттæ бакодта аивадуарзджытæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, рагондæр бæстыхæйттæй иу рацарæзты фæстæ кадджын уавæры байгом фарон. Ныридæгæн æппæт залтæ дæр æххæст сты нывтæй. Фенæн дзы ис дыууæ экспозицийы. Дыккаг уæладзыджы та фенæн ис уырыссаг аивады фонды æвæрæнтæн. Фенæн дзы ис, æвзист æнусмæ хаст чи æрцыд, уыцы нывгæнджытæ Бенуа, Жуковский, Серов æмæ æндæрты оригиналон куыстытæ. Фыццаг уæладзыджы залты та равæрдтой Ирыстоны зындгонд нывгæнджыты сфæлдыстад. Тугъанты Махарбег, Хохойты Аслæнджери, Джанайты Азанбеджы, стæй республикæйы æрыгон авторты куыстытæ. Равдысты сæйраг бынат бацахста Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania