филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:42 четверг, 25 апреля 2024
04 марта 2020, 13:23
Тыбылты Георгий æмæ Къозонты Зауыр систы Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионтæ грекъаг-римаг хъæбысхæстæй

Ерыстæ сарæзтой Махачкалайы æмæ дзы архайдтой, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ.

Цæгатирыстойнаг спортсментæ Тыбылты Георгий æмæ Къозонты Зауыр систы Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионтæ грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Ерыстæ сарæзтой Махачкалайы æмæ дзы архайдтой, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ. Уыдон ерыс кодтой æрмæст майдантыл нæ, фæлæ ма сæхи цæттæ кодтой Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турнирмæ. Нæ республикæйы командæ рамбылдта 12 майданы. Дыууæ сызгъæринæй уæлдай ма дзы ис æртæ æвзисты æмæ авд бронзæ майданы. Командæ бацæттæ кодтой тренертæ Цæмæкъаты Нарт, Эмзар Карелидзе, Надгериты Ирбег æмæ Къæбысты Алан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania