филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 пятница, 29 марта 2024
23 сентября 2021, 11:02
Уæлдæфон авиацийы инæлар-майор Бедойты Русланы ном амæй фæстæмæ хæсдзæн Сунжæйы скъола

Мадзал арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Имя героя-школе» æххæст кæнгæйæ

Уæлдæфон авиацийы инæлар-майор Бедойты Русланы ном амæй фæстæмæ хæсдзæн Сунжæйы скъола. Мадзал арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Имя героя-школе» æххæст кæнгæйæ.

Кадджын мадзалы архайдтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, скъолайы ахуырдзаутæ. Русланы ном æрымысынмæ æрбацыдысты йе мкусджытæ дæр, ветеранты Советы уæнгтæ, æмкъласонтæ, йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ. Нæ республикæйы Сунжæйы скъола сси 33-æм ахуыргæнæндон, проект æххæст кæнгæйæ, хъæбатыры ном кæмæн радтой, ахæм. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнг уæвгæйæ, Бедойты Руслан йæхæдæг дæр бирæ хæттыты архайдта ахæм мадзæлтты. Рæзгæ фæлтæрæн дзырдта патриотизмы тыххæй, стæй Ирыстонæй рацæуæг зындгонд æфсæддон разамонджыты тыххæй.

Бедойты Руслан йæ цардæй ахицæн афæдзы размæ. Уыд æцæг патриот, уарзта йæ фыдыбæстæ. Фæлæ уымæй фылдæр та уарзта уæлæрвтæ. Уымæн балæвар кодта йæ царды 30 азы. Дыууæ хатты Руслан сæххæст кодта йæ интернационалон хæс. Хорзæхгонд æрцыд 3-аг къæпхæны орденæй «За службу Родине в вооруженных силах», стæй майданæй «За боевое отличие». Равзæрста æфсæддоны дæсныйад, уымæн æмæ йæ разы уыд йæ фыд-фронтовикы фæлгонц. Службæйы фæстæ йæ цард сбаста рæзгæ фæлтæримæ куыстимæ. Стыр æргом здæхта æфсæддон-патриотон хъомыладмæ. Бедойты Русланы чи зыдта , уыдон æй хонынц стыр дамгъæйæ Адæймагæй. Йæ фæстæ ныууагъта ирд фæд. Сæйрагдæр та йæхи дæнцæгæй равдыста, райгуырæн зæхх æгæрон уарзтæй куыд уарзæн ис, æмæ йын удуæлдайæ куыд лæггад кæнæн ис, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania