филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:56 четверг, 25 апреля 2024
24 ноября 2020, 14:36
Уæллаг Ларсы контролон уадзæн пункты куыст зындзинæдтæ кæй æвзарын кæны бæлццæттæн, уый ног хабар нæ

Фарста алыг кæныны нысанимæ бынаты сарæзтой æмбырд

Уæллаг Ларсы контролон уадзæн пункты куыст зындзинæдтæ кæй æвзарын кæны бæлццæттæн, уый ног хабар нæу. Фарста алыг кæныны нысанимæ бынаты сарæзтой æмбырд. Архайдта дзы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ сæрмагонд ведомствæты разамонджытæ. Контролон уадзæн пункты фидæны уавæрты кой нын ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Уæллаг Ларс æнæ уæзласæн машинæтæй нал фидауы. Ныридæгæн дзы, фæндаджы байгоммæ æнхъæлмæ кæсы 700 фурæйы. Æвзæр боныхъæдмæ гæсгæ æфцæгыл ахизæн, уæзласæн машинæтæн у æхгæд.
«Уæллаг Ларс»-ы уадзæн пункты уавæртæ сты, бирæ машинæтæ дзы кæй æрæмбырд, уый аххосаг. Уыцы фарста уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы кусæг балцы æмбырды рæстæг. Уадзæн –цæстдарæн пункты фидæныл æрдзырдтой Уæллаг Ларсы. Фембæлды архайдтой алы ведомствæты минæвæрттæ.
«Уæллаг Ларс»-ы реконструкцийæн федералон бюджетæй радих кæндзысты иу миллиард æмæ аст сæдæ милуан сомы. Куыстытæ райдайдзысты фидæны аз. Конд цæудзысты дыууæ къæпхæнæй. Рацарæзты фæрцы фæндаг фæуæрæхдæр уыдзæн. Уыцы куыстыты фæрцы Уæллаг Ларсы уадзæн пунктыл 10 хатты фылдæр машинæтæ цæуын райдзæн. Суткæмæ дзы ацæуæн уыдзæн 3мины æмæ 800 машинæйæн.
Æмбырды, Уæрæсейы арæнты арæзтады разамонæджы хæдивæг Роман Крапивин ма фæбæрæг кодта цалдæр хъуыддаджы. Уæлдай æргом аздæхтой Терчы былгæрæттæ фидаргæнæн куыстмæ.
Цæстдарæн –уадзæн пункты бирæ æркæсинаг хъуыддæгтæ ис. У комы нарæг ран. Уый фæуæрæхдæр кæнын æнцон нæ уыдзæн. Уыимæ дзы ис «Юнеско-йы цыртдзæвæн – Ермоловы дур, Терчы цæугæдон, æрдзон газы хæтæл. Йæ гæнæнтæ йын фæфылдæр кæныныл биноныгæй бакусын хъæуы. Цæмæй куыстыты цыдмæ цæстдард уа, уый тыххæй æмбырды рæстæг рахастой оперативон штаб саразыны фæндон. Объетыл куыстытæ хъуамæ конд фæуой 2022 –æм азмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania