филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:09 четверг, 25 апреля 2024
06 декабря 2019, 15:15
Уæллаг Санибайы æрдзмæ рауагътой 10 европæйаг саджы

Фыццаг рæстæг уыдзысты Цæгат Ирыстоны фæлварæн цуанæтты хæдзарады, цалдæр мæйы фæстæ сæ ауадздзысты æрдзон уавæртæм

Уæллаг Санибайы æрдзмæ рауагътой 10 европæйаг саджы. Фыццаг рæстæг уыдзысты Цæгат Ирыстоны фæлварæн цуанæтты хæдзарады, цалдæр мæйы фæстæ сæ ауадздзысты æрдзон уавæртæм. Чи æмæ куыд сæмбæлди ацы хатт уæздан сагтыл нæ республикæйы, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы уæздан цæрæгойтæ дард æмæ зын фæндагыл фæцыдысты. Ростовы облæстæй ссыдысты сæрмагонд контейнерты. Æрдзмæ сæ рауадзыны размæ, рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ, хистæртæ скуывтой цæрæгойты бардуаг Æфсатимæ.

Фыццаг рæстæг уæздан сагтæ уыдзысты сæрмагонд бынæтты. Уым ныридæгæн дæр ис 70 саджы. Специалисттæ зæгъынц, уым сæ дарын хъæуы, цæмæй ног уавæртыл сахуыр уой, уый тыххæй.

Ацы ран цæрæгойтæн бацæттæ кодтой кæвдæстæ æмæ цæхх. Цæуы сæм бæстон цæстдард. Вольертæ æвæрд сты Цæгат Ирыстоны цуанæтты хæдзарады территорийы. Цуанæттæ зилынц се ппæт цæрæгойтæм дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг дыууæ азмæ браконьерты нымæц зынгæ фæкъаддæр.

2017-æм азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ æдæппæтæй æрбаластой 80 саджы онг. Ацы программæйы нысан у уæздан цæрæгойты сбирæ кæнын.

Цымыдисаг ма уый у, æмæ сагтæ хæххон хъæдты фæзынынц Ног азы агъоммæ. Ацы хатт сæ фенынмæ æрбацыдысты республикæйы цæрджытæ дæр. Уыимæ канд фенынмæ нæ, фæлæ ма се ххуысы хай бахæссынмæ дæр.

Ныртæккæ специалистты сæйраг хæс у – уæздан сагты æмæ хъуазты нымæц бахъахъхъæнын. Уымæй сæ зæрдæ дарынц республикæйы цæрджыты æххуысыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania