филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 пятница, 29 марта 2024
12 января 2021, 11:41
Уæрæсейы чемпионаты къуххæстæй не мзæххон Датиты Аслæнбег сси æвзист майданы хицау

Спортсмен ныр дывæр хъарутæй архайдзæн, цæмæй фидæны рамбула сызгъæрин майдан

Уæрæсейы чемпионаты къуххæстæй не мзæххон Датиты Аслæнбег сси æвзист майданы хицау. Спортсмен ныр дывæр хъарутæй архайдзæн, цæмæй фидæны рамбула сызгъæрин майдан. Ныр та уал фылдæр рæстæг æрвиты спортивон залы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ Датиты бинонтæ канд æрыгон не сты, фæлæ ма спортивон. Йæ цардæмбал дæр у спорты мастертæм кандидат.

Æфсæддон удыхъæд, хорз спортивон цæттæдзинад, цæрдæг æмæ алы хæстон къахдзæф дæр рагацау бæрæггонд. Датиты Аслæнбег у алцæмæй дæр æххæст, зæгъынц спортсмены ахуыргæнджытæ.  Уæрæсейы чемпионаты  æвзист майданы хицауимæ бæттынц къуххæстимæ баст ныфсытæ. Уырны сæ, Аслæнбег кæй раздахдзæн ацы спорты хуызы раздæры кад. 

Датиты Аслæнбег зæгъы, уалахизмæ фæндаг æнцон кæй нæу. Хъæуынц æрвылбоны тренировкæтæ, æнæниздзинадæн пайдахæссæг цардыуаг, хиуæтты æххуыс æмæ стыр уарзондзинад спортмæ. 

Аслæнбеджы æппæты ирддæр цаутæ баст сты спортивон залимæ. Ам фембæлд йæ цардæмбалимæ дæр. Къуххæсты спорты мастермæ кандидат Гогаты Зæлинæ йе мкъайы фарс рахæцынмæ æрбацæуы декреты рæстæг дæр. Иумæ бæллынц ног уæлахизтæм, стæй сæ ныфсытæ бæттынц, сæ гыццыл хъæбул дæр спортивон фæндагыл кæй ацæудзæн, уыимæ.

Ныр спортмен йæхи цæттæ кæны Дзæуджыхъæуы чемпионатмæ. Къуххæстæй ерыстæ æцæудзысты зымæджы кæрон. Аслæнбег йæ зæрдæ дары уæлахизыл, уымæ гæсгæ йæ тренировкæты рæстæг фæфылдæр кодта, æнæниз царды домæнтæ та фæкарздæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania