Стыр æргом здахынц терроризмы ныхмæ хъахъхъæнынадмæ
Уæрæсейы гвардийы службæгæнджытæ бæрæг кæнынц республикæйы ахуыргæнæдæтты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ. Стыр æргом здахынц терроризмы ныхмæ хъахъхъæнынадмæ. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны ис 500 ахуыргæнæндоны. Се хсæн: рæвдауæндæттæ, астæуккаг, профессионалон æмæ уæлдæр скъолатæ. Уыдонмæ се ппæтмæ дæр ис æнæмæнг домæнтæ. Видеоцæстдарды камерæтæ, сигнализаци æмæ æндæртæ. Тыхы структурты кусджытæ сæ фæлтæрддзинад равдыстой, æнæнхъæлæджы уавæрты куыд архайын хъæуы, уыцы хъуыддаджы. Æппæт ахуыргæнæндæттæ æххæстæй хъуамæ бæрæггонд æрцæуой фыццæгæм сентябры онг. Ныридæгæн федтой объекттæн се 80 проценты. Уæрæсейы гвардионтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй хицæн бынæтты аипытæ ис, фæлæ карз не сты. Дыууæ къуыримæ сæ аиуварс кæндзысты. Скодтой бæлвырд амынддзинæдтæ, æмæ ацы бынæтты скæндзысты дыккаг бæрæггæнæн куыст.