филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:52 пятница, 19 апреля 2024
14 августа 2019, 17:05
Уæрæсейы либералон демократон парти расидти æххуыс, мыды куыст чи кæны, ахæм амалхъом адæмæн

Депутатты хъуыдымæ гæсгæ тынг тæссаг у, нæ бæстæйы хæдзарæдты мыдыбындзытæ кæй сæфынц, уый.

Уæрæсейы либералон демократон парти расидти æххуыс, мыды куыст чи кæны, ахæм амалхъом адæмæн.

Депутатты хъуыдымæ гæсгæ тынг тæссаг у, нæ бæстæйы хæдзарæдты мыдыбындзытæ кæй сæфынц, уый. Ацы сæрды тынг æвзæр уавæры бахаудысты Башкирийы, Удмуртийы, Марий Элы, Тулæйы облæсты æмæ Алтайы крайы. Ацы фарста ахсджиаг у иннæ регионтæн дæр. Суанг ма йыл ныхас цæуы социалон хызты дæр. Специалисттæ зæгъынц, мыдыбындзытæ хъыгдард баййæфтой, быдыртæ цæмæй бапырх кодтой, уыцы хъацæнтæй кæй фæхъæстæ сты, уымæ гæсгæ. Либералон демократон партийы минæвæрттæ фæсидтысты Уæрæсейы Хицауады Сæрдармæ, цæмæй федералон бюджетæй радих кæной уæлæмхасæн фæрæзтæ, уавæр сраст кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania