филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:28 пятница, 29 марта 2024
13 декабря 2019, 17:00
Уæрæсейы паддзахадон Думæйы къамис 15-æм декабры кусæг балцы ацæудзæн Цхинвалмæ

Къамисы уæнгтæ архайынц ирон адæмы геноциды фарстайыл

Уæрæсейы паддзахадон Думæйы къамис 15-æм декабры кусæг балцы ацæудзæн Цхинвалмæ. Къамисы уæнгтæ архайынц ирон адæмы геноциды фарстайыл. Сæ балцы тыххæй фехъусын кодта информацион агентад «Рес». Уæрæсейаг парламенты дæллаг палатæйы минæвæрттæ базонгæ уыдзысты архивон документтимæ. Се ппæт дæр баст сты ирон адæмы геноцидимæ. Уымæй дарддæр арæзт æрцæудзæн иумæйаг къамис. Йæ куыст æххæст кæнгæйæ, дыууæ фарсы равдисдзысты, цы æрмæг сæмбырд кодтой, уый. Се ппæт дæр баст сты 1920-æм азы цаутимæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон Думæйы арæзт æрцыд кусæг къорд. Хуссар Ирыстоны темæйыл Мæскуыйы иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой. Хæстæгдæр рæстæг та йыл æрныхас кæндзысты радон хатт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania