филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:22 четверг, 25 апреля 2024
26 декабря 2019, 17:10
Уæвгæ, афæдзы кæрон æмæ Ног азы бæрæгбоны агъоммæ алчидæр скæны хатдзæгтæ, сæ аз куыд арвыстой, уымæн

Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндонæн дæр ис, цæмæй раппæла, ахæм хъуыддæгтæ

Уæвгæ, афæдзы кæрон æмæ Ног азы бæрæгбоны агъоммæ алчидæр скæны хатдзæгтæ, сæ аз куыд арвыстой, уымæн. Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндонæн дæр ис, цæмæй раппæла, ахæм хъуыддæгтæ.

Цард афтæ арæзт у, æмæ азтæ куыд ивгæ цæуынц, афтæ адæмы бæллицтæ дæр. Дзæуджыхъæуы 65 рæвдауæндон дæр ацы аз йæхиуыл банкъардта хорз хъуыддæгтæм тырнгæйæ къухы кæй бафтынц уый. Кæд афæдзы рдæг сæбитæ ацы хорз хъуыддæгтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ рæвдауæндонмæ нæ цыдысты, уæддæр сæ Ног азы бæрæгбоны сæхи равдыстой бæрзонд æмвæзадыл.

Кафт, зард, цымыдисаг инсценировкæтæй хъæздыг рауад бæрæгбон. Сабитæ сæхиуыл сбарстой алыхуызы аргъæутты хъайтарты сурæттæ. Уыдон сæ ахуыр кæнынц кæрæдзи уарзыныл æмæ хæларæй цæрыныл. Зæгъын хъæуы, уый æмæ рæвдауæндоны коллектив зæрдиагæй кæй фæархæйы алы бæрæгбон дæр сывæллæтты удтæм хæстæг куыд уа, афтæ саразыныл. Уый æнæ бафиппайгæ нæ вæййынц ныййарджытæ дæр.

Дзæуджыхъæуы 65 рæвдауæндоны ис фæлтæрдджын æмæ сæ дæсныйадмæ куыдфæнды цæстæй чи нæ кæсы, ахæм коллектив. Радон хатт та фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ Тауытты–Гæтиты Ларисæ, Битарты Маринæ, Æлборты Заидæ, Озманова Мананæ æмæ музыкæйы ахуыргæнæг Гасситы Армине бацархайдтой сабитимæ. Æмæ сæ кармæ гасгæ, сæ арæхстдзинæд равдыстой, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр уырыссаг æвзагыл æмæ иронау дæр.

Уæдæ Ног азы бæрæгбон æнæ лæвæрттæй дæр нæ фидауы. Митын Дада æмæ Митын чызг барухс кодтой рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты зæрдæтæ æмæ сын скодтой лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania