филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:05 четверг, 25 апреля 2024
28 октября 2020, 12:36
Участкыл кусæг пъæлицæаг Дзебысаты Тамерлан фæуæлахиз Æппæтуæрæсон конкурсы республикон къæпхæны

Æмæ хуымæтæджы нæ, зæгъынц йе мкусджытæ æмæ, йæ бæрны цы адæм ис, уыдон

Барад хъахъхъæнын йæ хæс нæ, фæлæ йæ уды фæндон. Ставд-Дурты æмæ Ираны хъæуты участкыл кусæг пъæлицæаг Дзебысаты Тамерлан фæуæлахиз Æппæтуæрæсон конкурсы республикон къæпхæны. Æмæ хуымæтæджы нæ, зæгъынц йе мкусджытæ æмæ, йæ бæрны цы адæм ис, уыдон. Тамерлан у хæларзæрдæ, стæй профессионалон миниуджытæй æххæст. Конкурсы финалисты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ. 

Участокыл кусæг пъæлицæйаг Дзебысаты Тамерланы кусгæ бон райдайы цæрджытимæ аныхас кæнынæй. Архайы алкæмæ дæр байхъусыныл, æмæ йын йæ фарстайыл бакусыныл. Кæд æмæ бирæ хæттыты уыцы хъуыддæгтæ йæ бæрны нæ вæййынц, уæддæр. Уый тыххæй йæ уарзынц, æмæ йын кад кæнынц хъæуы цæрджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй у æргом æмæ сыгъдæгзæрдæ, æцæгæйдæр адæмон пъæлицæйаг. 

Участокыл кусæг пъæлицæйаг лæггад кæны дыууæ хъæуæн Ставд-Дуртæн æмæ Иранæн. Алы ран дæр æй хорз зонынц, æмæ йæм дзурынц æнæ фыдыномæй. Уый дæр бирæйыл дзурæг у.

Тамерланы кусджытæ йын йе нтыстдзинæдтыл цин кæнынц. Зæгъынц, уыцы кады аккаг, æнæмæнг, у.  Сæхæдæг дæр ын сæ хъæлæстæ радтой. Пъæлицæйагмæ ныридæгæн дæр ис бирæ хæрзиуджытæ. Уымæй дарддæр ма у мысан æхсынæй спорты мастертæм кандидат.

Участокыл кусæг адæмон пъæлицæйаг йæхæдæг нырма йе нтыстдзинæдтыл нæ хъуыды кæны. Бирæ хъуыддæгтæ йын ис, зæгъгæ.

Разæй – фылдæр фæндтæ æмæ нысантæ. Домæнтæм гæсгæ регионалон къæпхæны уæлахиздзауæн фадат ис конкурсы федералон æмвæзадмæ бахизынæн. Уымæ гæсгæ Дзебысаты Тамерлан нæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн Æппæтуæрæсеон къæпхæны. Ерыстæ арæзт æрцæудзысты ноябры. Уæлахиздзауæн кад кæндзысты сæ профессионалон бæрæгбоны – 17-æм ноябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania