25 февраля 2020, 18:17
Владимир Путин фембæлд Битарты Вячеславимæ
Ныхас цыд социалон-экономикон райрæзтыл
Уæрæсейы Президент Владимир Путин фембæлд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Ныхас цыд социалон-экономикон райрæзтыл. Национ проекттæ царды кæй æххæстгонд цæуынц, æмæ Цæгат Ирыстоныл хуыздæрырдæм бæрæг кæй дарынц, уый фæдыл Битарты Вячеслав бузныг загъта нæ бæстæйы Президентæн. Ныхас ма цыд ахуырады фарстатыл, цæмæй скъолаты айсой 2-аг æмæ æртыккаг фæлтæры ахуыртæ. Æмтгæй иуылдæр урочытæм цæуынц уыцы-иу рæстæг, боны фыццаг æмбис. Стæй ма 1-æм сентябрæй фæстæмæ скъолаты уыдзæн тæвд хæринаг дæр. Владимир Путин æмæ Битарты Вячеслав æрдзырдтой Зæрæмæджы ГЭС-ы æмæ «Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ» фæндаджы арæзтадыл, Мамысоны æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.
темæмæ гæсгæ