филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:42 четверг, 25 апреля 2024
07 февраля 2020, 15:38
Владимиры ацыдысты уæзхъус спортсменты хсæн ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

Нæ республикæйы спортивон хæзнадон фæхъæздыгдæр кодтой сызгъæрин æмæ бронзæ майдантæй

Владимиры ацыдысты уæзхъус спортсменты хсæн ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сæ цæттæдзинад дзы равдыстой не мзæххонтæ дæр. Нæ республикæйы спортивон хæзнадон фæхъæздыгдæр кодтой сызгъæрин æмæ бронзæ майдантæй. Уæлахиздзаутæм ныр æнхъæлмæ кæсынц æппæтадæмон ерыстæ Туркаг горæт Трабзоны. Æвзонг спортсментимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд æмæ бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Гаглойты Азæмæт хъæбысхæсты дунейы йæхи фæлварын райдыдта 8 аздзыдæй. Уæдæй нырмæ, æвзонг спортсмен йæхиуыл куыста, æмæ дзы рауади фæлтæрдджындæр спортсмен. Кæдфæндыдæр æй фæндыди Кудухты Бесикы бæрзæндтæм схизын. Уæрæсейаг чемпионаты фæстæ Азæмæтмæ æнхъæлмæ кæсынц æппæтадæмон æмвæзадыл ерыстæ Трабзоны. Уыцы ерыстæм цæттæдзинады тыххæй сæ хъуыдытæ радзырдтой Азæмæт æмæ йæ тренер.

Доййаты Батрадз уæлахиздзау не сси, фæлæ йæ райгуырæн бæстæмæ сласта бронзæ майдан. Ацы бæрæггæнæнтæ дæр сты раппæлинæг, уымæн æмæ лæппу хъæбысхæсты архайы æрмæстдæр дыууæ азы.

Гæбæраты Асланы ныхæстæм гæсгæ, лæппутæ сæхиуыл кусынц иннæты æмвæзадыл. Раст фæндагыл та сæ æвæрынц сæ тренертæ.

Ерыстæ цыдысты Владимиры. Цæгат Ирыстоны спортивон хæзнадоны 2 сызгъæрин æмæ дыууæ бронзæ хæрзиуæджы.  Уæрæсейы турниры уæлахиздзаутæ равдыстой раппæлинаг бæрæггæнæнтæ. Цыфæнды цæлхдурты сæрты ахизгæйæ дæр æрмæстдæр уæлахиз, уый у алы спортсмены нысан дæр. Æмæ не зæххонтæн уыцы хъуыддаг у бæрзонд æмвæзадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania