филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:35 четверг, 25 апреля 2024
23 июля 2019, 17:15
Зæрдиаг æмæ ахадгæ тренировкæтæ кæддæриддæр раттынц хорз хатдзæгтæ

Футболон командæ «Динамо» сси 55-æм æппæтуæрæсеон ерыстæ «Сæрак пурти»-йы æвзист призер.

Зæрдиаг æмæ ахадгæ тренировкæтæ кæддæриддæр раттынц хорз хатдзæгтæ.
Футболон командæ «Динамо» сси 55-æм æппæтуæрæсеон ерыстæ «Сæрак пурти»-йы æвзист призер. Арæзт уыди Башкортостаны, æмæ дзы архайдтой 9-10 азы кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ. Алцыдæр, стыр футболы куыд у, афтæ. Алы бон тренирвкæтæ, карз дисциплинæ. Се ппæты дæр хорзырдæм ахадынц æвзонг спортсменты цæттæдзинадыл. Ерыстæ фесты 22-æм июлы. Гаджиты Алинæ сæ дыккаг бынатыл тынг бацин кодта. Ацы спорты хуызы ис, 8 азы йыл куы сæххæст, уæдæй нырмæ. Ныртæккæ та хаст æрцыд иугонд командæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй тынг ахсджиаг у ныййарджыты æххуыс дæр. Чызджыты тренер куыд зæгъы, афтæмæй ныры онг командæйы къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ. Уыимæ канд регионалон æмвæзадыл нæ. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы ног ерыстæ. Фæлæ сæ ахсджиагдæр уыдзысты 56-æм турнир «Сæрак пурти». Уырдæм цæудзысты æрмæстдæр фыццаг бынат бацахсынмæ. Уый размæ та уыдзысты Хъырымы, Стъараполы æмæ Ейскы ерысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania