филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:40 среда, 24 апреля 2024
04 августа 2020, 15:23
Зæронд Бæтæхъойы хъæууонхæдзарадон кооператив схонæн ис агропромышленнон къабазы æнтыстджындæр куыстуат

Стыр æргом дзы аздæхтой зæххы куыстмæ стæй фосдарынадмæ

Зæронд Бæтæхъойы хъæууонхæдзарадон кооператив схонæн ис агропромышленнон къабазы æнтыстджындæр куыстуат. Стыр æргом дзы аздæхтой зæххы куыстмæ стæй фосдарынадмæ. Хоры тыллæгæй дарынц сæхи фосы, стæй ма дзы рахай кæнынц уæй кæнынмæ дæр.

Холладжы хомаг цæттæ кæнын – уый у ацы хъæууонхæдзарадон кооперативы сæйраг раппæлинаг хъуыддаг. Иу мин æмæ 500 гектарыл зайын кæнынц мæнæу, хъæбæрхор æмæ нартхор. Йæ иу хай йын ауæй кæнынц хорæн, иннæ ныууадзынц сæ фосæн хойрагæн. Фос та сæм бирæ ис. Фермæйы дарынц стурвосы 290 сæры. Уымæй дарддæр ма хицæн пъароды 80 сæры, сæрмагондæй æхсыры куыст кæнынмæ. 

Фермæйы территорийы æрбынат кодта æхсыры куыстгæнæг цех дæр. Ардæм æхсыр бахæццæ вæййы резервуартæй сæрмагонд хæтæлты уылты. Ныууазал æй кæнынц, æмæ йæ бацæттæ кæнынц ногæй бакусынмæ. Специалисттæ дзы скæнынц нæлхæ, æхсыры цъæрттæ, къæдор, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, æртæ хуызы цыхтытæ. Уыимæ пайда кæнынц æрдзон хъацæнтæй.

Афæдзæй-афæдзмæ æхсыры бæрц кæны фылдæр. Ацы азы мбисмæ фермæйы бакуыстой 311 тоннæйæ фылдæр. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 12 тоннæйы фылдæр. Афтæмæй фидарæй зæгъæн ис, пайдайаг архайд кæй кæнынц, уый. Куыстуаты разамынды хъуыдымæ гæсгæ, хомаджы фылдæр хай ацæуы ногæй бакусынмæ. Æхсыр æлхæнджыты нымæц та кæны дзæвгар фылдæр. 

Хъæууонхæдзарадон кооператив кусы 2017-æм азæй фæстæмæ. Йе нтыстдзинæдтæм бабæлдзæн ацы къабазы алы куыстуат дæр. Уымæн æмæ ам стыр æргом здахынц экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ æрдзон продукттæм. Фæлæ сын егъау хæдзарæдтимæ ерысхъом уæвын зын у, æмæ кооперативы разамынд йæ зæрдæ дары паддзахадон æххуысыл. Уый фæрцы сæ къæхтыл фидар кæй слæудзысты, ууыл та дызæрдыг нæ кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania