филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:15 пятница, 19 апреля 2024
13 января 2020, 12:00
Заманхъулы фæстаг 10 азы къулымпытæ вæййы доны уавæримæ

Ацы фарстайы фæдыл Заманхъулы цæрджытæ æрныхас кодтой республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлды

Нæ программæты иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам Заманхъулы доны уавæры тыххæй. Цыдæр куыстытæ дзы цыди, фæлæ уавæр уæддæр хуыздæр `рдæм нæ аивта.

Ацы фарстайы фæдыл Заманхъулы цæрджытæ æрныхас кодтой республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлды. Хъуыддагмæ бавнæлдта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад. Уæвгæ доны фарстайыл кусдзысты специалисттæ. Фæлæ цæрджытæ дæр хъуамæ æрдзон æвæрæнтæй пайда кæной фæстауæрцгæнгæ.

Фæстаг 10 азы сæрдыгон хус рæстæг. Заманхъулы афæдзы 5 мæйы къулымпытæ вæййы доны уавæримæ. Тынгдæр тыхсы хъæуы уæллаг фарс. Кудзаты Уырысхан у хъæуы хистæртæй иу. Цæуы йыл 93 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй дон кæй нæ вæййы, уый аххосæй бирæтæ хъæуæй цæуынц.

2008-æм азы ам дондзæуæн системæ аивыны тыххæй конд æрцыди стыр куыст. Хъæумæ дон цæуын райдыдта Хъобангомæй. Йæ хæрзхъæддзинадæй йын адæм сты разы. Фæлæ йæ бæрцæй та нæ. Уый хыгъд, хъæумæ цы дон цæуы, уый нормæйæ у фылдæр. Фæлæ кæй нæ фаг кæны, уый аххосаг та у хъæу куыд æвæрд у, уый. Заманхъулы уæллæг æмæ дæллаг фарсы æмвæзад хицæн кæны 80 метрæй.

Ацы фарстайы фæдыл Заманхъулы цæрджытæ æрныхас кодтой республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлды. Уавæр æвзарынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады.

Хъæуы доны фарстайыл кусдзысты специалисттæ. Фæлæ, цæрджытæ дæр хъуымæ æрдзон æвæрæнтæй пайда кæной фæстауæрцгæнгæ. Зæгъæм, сæрдыгон бирæты цæхæрадæттæм дон цæуы æнæрлæугæйæ. Уымæй та тыхсынц сыхæгтæ.

Абон Заманхъулы доны фиддонтæ сты ныллæг æмвæзадыл. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, донæй пайда кæныны хъуыддаг ма куы нæ аивой, уæд уавæр нæ фæхуыздæр уыдзæни.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania