филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 пятница, 29 марта 2024
05 декабря 2019, 12:53
Завод «Электроцинчы» раздæры кусджытимæ фембæлынмæ Æфснайæн банчы специалисттæ

Ныхас цыд кредиттæ фидыныл.

Завод «Электроцинчы» раздæры кусджытимæ фембæлынмæ æрбацыдысты тæрхондоны пъырыстыфты службæйы, Æфснайæн банчы специалисттæ æмæ юристтæ. Ныхас цыд кредиттæ фидыныл. Уымæн æмæ заводы раздæры бирæ кусджытæм ипотекæйы æмæ фæлхасадон кредитты хæстæ æмбырд кæнынц. Ныр сæ зæрдæ дарынц, кредитон организацитæ сын сæ уавæр кæй бамбардзысты, æмæ сын кæй фæныллæгдæр кæндзысты сæ процентты бæрц, æмæ ма кæй аргъæвдзысты сæ фидыны мгъуыд. Фæлæ, сæ куысты бынæттæй чи фæхауд, уыдонæн банкты къабазы кусджытæ зæрдæ ницæмæй бавæрдтой. Уыйхыгъд тæрхондоны пъырыстыфты минæвар загъта, сæ службæмæ заводы раздæры кусджытæй бирæ курдиæттæ кæй æрбацыд, æмæ сæм цæуы уæлдай цæстдард. Фæллойгæнджытæ уæддæр разыйæ нæ баззадысты. куыд зæгъынц, афтæмæй сæ ныхас хъуамæ фыццаджыдæр уа республикæйы разамындимæ, стæй Уралы хæххон металлургон компанийы минæвæрттимæ. Кредиттæн фидын сæ бон нæу. Уæдæ ног куысты бынæттæ ссарын дæр у фарстайаг хъуыддаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania