филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:35 суббота, 20 апреля 2024
09 декабря 2019, 17:20
Заз бæлæсты армукъатæ нæма байгом сты, фæлæ кæйдæрты ныронг фæнды ног азы фидауц хæдзармæ æрбахæссын

Афтæмæй зиан хæссынц æрдзæн. Уæвгæ закъонхалæг адæмæй фæстæмæ зиан хæссынц зынгсирвæзтытæ дæр

Заз бæлæсты армукъатæ нæма байгом сты, фæлæ кæйдæрты ныронг фæнды ног азы фидауц хæдзармæ æрбахæссын. Афтæмæй зиан хæссынц æрдзæн. Уæвгæ закъонхалæг адæмæй фæстæмæ зиан хæссынц зынгсирвæзтытæ дæр. Куыд хъахъхъæд цæуынц нæзы бæлæстæ æмæ куыд æххæст кæнынц хъæдтæ ног бæлæстæй, уый базоныны тыххæй не сфæлдыстадон къорд араст ис Алагиры районмæ.

Тæмисчъы хъæды хæдзарад Ксурты зайынц хæххон нæз, къæдзæхты тулдз æмæ бæрз бæлæстæ. Раздæры азты закъоны сæрты хизгæйæ ардыгæй давтой Ног азы фидауц, заз бæлас. Ныртæккæ бынат хъахъхъæны Алагиры хъæды хæдзарад.

Хæдзарад йæ цæст дары 2 бынатмæ – Бурон æмæ Уыналмæ. Боны дæргъы æрзилынц æппæт фæзуатыл. Æрæджы сæм фæзынд ног машинæйы. Закъонхæлд куы сбæрæг кæнынц, уæд саразынц протокол. Хъæды хæдзарад æмгуыстад кæны барадон оргæнтимæ. Закъонхалæг канд ивар нæ бафиддзæн, фæлæ ма, гæнæн ис, æмæ йыл сараздзысты уголовон хъуыддаг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ бæлæстæн зиан канд адæм нæ хæссынц, фæлæ ма дзы æрцæуы зынгсирвæзт дæр. Уый хыгъд кусынц хъæд сног кæныныл. Уымæ та йæ цæст дары сæрмагонд службæ.

Хæтæлдоны 20 гектары фæзуатыл кусынц хъæдтæн талатæ æрзайын кæныныл. Ахæм куыст ма кæнынц Хъобаны дæр. Йæ фæзуат у 5 гектары. Ам зайын кæнынц сыфтæрджын бæлæстæ. Алы аз дæр ныссадзынц 1 тоннæ мыггæгтæ.

Хæдзарады ма ис 2 хъармуаты. Сæ иуы фæзуат у фондз сæдæ квадратон метры. Ам ис милуан 500 мин талайы æмæ мыггаджы.
Уалдзæджы ам райдайдзысты заз æмæ нæзы бæлæстæ зайын кæныны куыст дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania