филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:09 четверг, 28 марта 2024
29 января 2020, 17:00
Зианхæссæг буаргъæдты 72 % Теркмæ хауынц Цæгат Ирыстоны территорийы

Республикæйы цæрджыты 14 % та нæ исынц хæрзхъæд нуазыны дон

Зианхæссæг буаргъæдты 72 % Теркмæ хауынц Цæгат Ирыстоны территорийы. Республикæйы цæрджыты 14 % та нæ исынц хæрзхъæд нуазыны дон. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды прокуратурæйы æмбырды. Бахыгътой дзы ивгъуыд афæдзы куысты бæрæггæнæнтæ дæр. Æмбырды архайдта УФ-йы генералон прокуроры хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Дмитрий Демешин. Зæрдыл æрлæууын кодта, бынæттон хицаудзинады оргæнтæ хъуамæ æххæст кæной экологийы закъонæвæрынад. Ныхæс ма цыди, Цæгат Кавказы иуæй-иу национ проекттæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Прокурор Алексей Морозов фехъусын кодта республикæйы прокуратурæйы куысты фыццаградон нысантæ. Се хсæн – экстремизмы ныхмæ тох. Ныхас цыди, дзуапдæттæг оргæнтæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн цы мадзæлттæй пайда кæнынц, ууыл. Республикæйы прокурор куыд загъта, афтæмæй кусджыты тыхтæ арæзт сты бæстæйы Президент æмæ генералон прокуроры хæстæ сæххæст кæнынмæ. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады æмархайдæн нысангонд æрцæудзæн сæрмагонд куысты комплекс закъонад æмæ барадхъахъхъæнынад фæфидар кæнынæн. Уый хъуамæ йæ фæстæ расайа зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтæ. Æмбырды архайдта республикæйы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев дæр. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы прокуратурæ фарон бахаста 5 закъоны проекты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania