филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:09 среда, 17 апреля 2024
04 декабря 2019, 12:28
Зымæг ралæууыд, фæлæ йæм се ппæт хæдзæрттæ цæттæ нæ разындыдсты

Афтæ Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы фатертæм хъарм нæ хæццæ кæны

Зымæг ралæууыд, фæлæ йæм се ппæт хæдзæрттæ цæттæ нæ разындыдсты. Афтæ Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы  фатертæм хъарм нæ хæццæ кæны. Цæй аххосагмæ гæсгæ, уый Æппæуæрæсеон адæмон фронт æмæ æхсæнадон цæстдарды Регионалон центры уæнгтæ бацархайдтой равзарыныл. Цавæр хатдзæг скодтой, уый тыххæй дзуры Моргуаты Ладæ.

Бирæуæладзыгон хæдзары батарейтæ ныронг цæуыннæ хъарм кæнынц, уыцы фарста равзарыны фæдыл йæ цæрджытæ бахъаст кодтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронтмæ. Уыдон æхсæнадон цæстдарды Регионалон центримæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы æрбацыдысты бынатмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ хæстгæдæр хæдзæртты, хъарм уыцы-иу хæтæлæй кæмæ цæуы, уыдоны цæрджытæ хъаст нæ кæнынц.

Ахоссаг сбæрæг кæнынæн  бирæ рæстæг нæ бахъуыд. Цæрджыты ферох хъармгæнæны иумæйаг системæйы хæтæл байгом кæнын. Æмæ  тæвд доны цыд æрцыд хæлд, уый азарæй тыхсынц иннæ уæладзгуыты  цæрджытæ.  Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ разамынддæттæг компанийы сæргълæууæджы бафарстой, йæ куысджытæ цæуыннæ баххуыс кодтой адæмæн. Дзуапп уыд хуымæтæг, цæрджытæй бирæтæ кæй нæ гом кæнынц сæ фатеры дуар. 

Фæлæ цæрджытæ зæгъынц, сæхæдæг кæй æрзылдысты æппæт фатертыл æмæ федтой,  хæтæлтæ гом кæй сты. Фæлæ сæ батарейтæ сты уазал, кæнæ та чысыл хъарм. Ацы фарста хъуамæ равзара разамынддæттæг компани. Цæрæнуæттæм цæстдарды æмбарын кæнынц, Первомайскийы уынджы 42-æм æмæ 44-æм хæдзæрттимæ бадзырды æмгъуыд кæй фæцис, уымæ гæсгæ разамынддæттæг компанийы хыгъдæй ист æрцыдысты. Декабры астæу уыдзæн конкурс æмæ йæ хатдзæгтæм гæсгæ ацы хæдзæрттæ бахæсдзысты управленимæ. Фæлæ хæстæгдæр рæстæджы фатертыл æрзилдзысты æмæ сбæрæг, хъарм сæм цæмæ гæсгæ нæ хæццæ кæны, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania