филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:59 пятница, 29 марта 2024
23 марта 2017, 20:40
Артдзæст. Средний Урух

Фарн уæм бадзурæд мæ хæлæрттæ æмæ арфæйæг ут!
Æхсызгон та нын у нæ фæмбæлд! Диссаджы рæссугъд ранмæ æрбамбæлдыстæм ацы хатт. Алæмæты аргъæуттæй райсгæ æмбисонды рæсугъд æмæ хъæздыг æрдз, цæстысыгау сыгъдæг суадæттæ, сæ дон – æвдадзы хос, кæрон æмæ райдиан кæмæн нæй, ахæм уыгæрдæнтæ, уæдæ хъæд дæр дзаг алы хуызон пайдаджын зайæгойтæй. Ахæм зæнæты бæстæ снысан кодта хъæууатæн Хохы Дæргъæфсы цæрæг куырыхон лæг Фидараты Темыр. Ам 1882-æм азы бындурæвæрд æрцыд быдыры Дæргъæфсæн.
Ирыстоны рагондæр æмæ кадджындæр хъæутæй иу – Быдыры Дæргъæфс æрбынат кодта Æрæфы доны галиу былыл, Кæсæг – Балхъары арæнмæ хæстæг. Историон æрмæджытæ куыд амонынц ,уымæ гæсгæ, ацы зæххытыл цардис дыууæ кæсгон æлдар æфсымæры. Хъæуы рагондæр цæрæг Сасиаты Георгийы мысинæгтæм гæсгæ кæддæр æртæ немыцаг æфсымæры хъæздыг дыргъдæттæ саразын сфæнд кодтой.Фæсарæнтæй ластой алы хуызон талатæ, архайдтой сæ райрæзтыл. Фæстæдæр, уыдон фæстæмæ Германмæ куы аздæхтысты, уæд дыргъдæттæ баззадысты бынæттон цæрджыты æвзид.
Ирон æмбисонд мæнгæй нæ зæгъы:-«Сыхаджы фарн, дам, удæнцойы нывонд!» Кæсæгимæ æфсымæрон ахастдзинæдтæ фыдæлты замантæй рахæсгæйæ, абон дæр кæрæдзиуыл æнувыд æмæ иузæрдион сты. Рæстæджы цыдимæ та ма баисты ноджы æнгомдæр!
Сыхаг хъæуты хсæн алы вæрсыг бастдзинæдтæ иудазыг æнгомдæр кæныныл,архайынц æрыгон фæлтæр дæр. Æрæджы,кæддæры харз фæтк мысынгæнынæн,быдыры Дæргъæфсы культурæйы хæдзæры арæзт æрцыд иумæйаг бæрæгбон. Сæ дæсныйадæй адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой Хатуейы, Угъуалыхъхъы, Цыколайы æмæ Быдыры Дæргъæфсы хихъæппæрисадон къордтæ. Концерты ма архайдтой нæ республикæйы зындгонд артистытæ Будайчиты Сухраб æмæ Хуытыгаты Маринæ.
Быдыры Дæргъæфсы цыбыр рæстæг уывгæйæ, мæм ахæм æнахуыр æнкъарæн сæгуырд ,цыма йæ уæлдæфы, цыдæр дисссаджы тых ис. Йæхимæ æлвасы, кæны адæймаджы уæнгрог, базырджын. Æмæ ма цал æмæ цал хатты æрбаздахынц ардæм лæджы йæ рухс хъуыдытæ, йæ сæнттæ.
Ис ацы хъæубæсты ахæм адæм,кæддæр сæ хъысмæт ардæм кæй рбахаста æмæ сæ амонды уидæгтæ ацы алæмæты зæххы арф кæмæн ацыдысты.
Райгуырæн зæххимæ бастдзинæдтæ афтæ тыхджын сты Быдыры Дæргъæвсы чи райгуырд ,уыдоны зæрдæты æмæ сæ хъæубæстæй хуыздæр амæлттæ агур æндæр рæттæм куы ацæуынц, уæддæр сæ уды къæртт, сæ зæрдæйы уидæгтæ баззайынæц ам. Æмæ та сæ цардвæндаг фæстæмæ æрбакæны сæ фыдæлты уæзæгмæ.
Фыдыбæсты Стыр Хæсты цæхæры æхсидæфтæ басыхтой Быдыры Дæргъæфсы цæрджыты дæр. Ацы цысыл хъæуæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ ацыдысты 267 адæймаджы, уыдонæй 136 хæсты быдыры баззадысты.
Бирæ æнусты дæргъы сæ хъæуы кадæн хиуыл æнауæрдгæйæ архайдтой Быдыры Дæргъæфсы цæрджытæ. Сæ нæмттæ сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты нæ адæмы историйы. Ирæн чи басгуыхт, уыдоны хсæн сты: фыссæг Мамсыраты Дæбе, профессор Блиты Алыксандр, инæлар Дзуццаты Бибо, ирон профессионалон театры бындурæвæрджытæй иу – Цырыхаты Петя, РЦИ-Аланийы адæмон артист Фидараты Альберт.
Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Фыдæлты фарн мæрттæм нæ цæуы». Сæ номдзыд хистæрты къахвæдтыл цæуынц, абон хъæуы цы æрыгон фæлтæр хъомыл кæны, уыдон дæр.
Хъæуы социалон уавæр куыд ивы, ахсджиаг фарстатæ лыггæнынæн цавæр фадæттæ арæзт цæуы, ууыл афæдз цалдæр хатты фæдзурынц цæрджыты иумæйаг æмбырдты. Уырдæм æрбахонынц районы администрацийы минæвæртты.
Ахæм амбырдмæ бафтыдыстæ мах дæр. Куыд базыдтам, афтæмæй 2016-æм азы кæронмæ лыггонд æрцыд цæрджыты ахсджиагдæр фарста. Дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр хъæубæстæ донцух уыдысты. Ныр алы хæдзармæ дæр доны хæтæлтæ уагъд арцыд. Уый фæдыл хъæуы администрацийы сæргълæууæг Базраты Мананæ раарфæ кодта «Спецтепломонтаж»-ы кусджытæн. Сæ сæргъы Дзебысаты Майрæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania