филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:38 четверг, 25 апреля 2024
28 сентября 2016, 21:26
Артдзæст. Суадаг

Абон нæфысым цы хъæубæстæ у, уымæн бындур æвæрд кæд æрцыд, уый бынтон бæлвырд нæу. Историиртасджыты амындмæ гæсгæ, йыл цæуы 200 азæй фылдæр. Архивон æрмæджытимæ кусгæйæ мæ размæ фæци,1900- æм азы 15-æм сентябры уагъд газет.
«Владикавказские епархиальные вести». Йæ уацхъуыдтæй иуы фыст ис: «Суадагское селение образовалось в 1825-1828 гг., преимущественно из выходцев отселка Карца, Даллагкауского прихода, которые в числе десяти дворов заняли место у входа в ущелье Суадаг, на правом берегу реки того же названия. Сравнительно позднее к Суадагцам присоединились другие переселенцы из гор и таким образом, составилось самостоятельное селение – Суадагское. В середине селения была построена каменная церковь во имя пророка Ильи».
Суададжы рагондæр цæрджыты мысинæгтæм гæсгæ, аргъуан уыд мæнæ ацы тæккæ ран, фæлæ хъыгагæн, абонмæ йæ бæстыхайæ дур дæр нал баззад.
Хъуыбадты Эльбрус: «Суадагмæ æрбалыгъдыстæм мах 1951 азы. Хорз хистæртæ дзы уыдис. Зонд кæмæй райстаис, сом бон зæгъын цы хъæуы æмæ æгъдау бацамонын куыд хъæуы, ахæм хистæртæ. Бирæ хорздзинæдтæ райсæн уыд уыдонæй, фæлæ, хъыгагæн, адæймаг йе ‘рыгоны бонты уыдоныл нæ фæхъуыды кæны, æндæр мæнæ хæзна кæй хонынц, ахæм ныхæстæ райсæн уыдис уыдонæй. Фæлæ йæ лæг цæмæй зыдта, искуы зæронд кæндзæн æмæ йæ уыдон бахъæудзысты, зæгъгæ. Мæнæ ахæм ныхас дæр ма ис : «Хистæр æмæ кæстæры хсæн ис фарн», уый у хъахъхъæнинаг æмæ йæ æппæты фыццаг хистæр куы нæ хъахъхъæна, уæд æй кæстæр дæр уый бæрц не мбары. Уыцы фарн ныртæккæ мах хъахъхъæнæм нæ бон куыд у, афтæ. Нæ кæстæртæ дæр нæ æмбарынц æмæ сæхи аразынц хорзырдæм».
Къаболаты Зелим: «Махæн нæ сыхы уыдис хорз адæм. Уыдис дзы хорз хистæртæ, кæстæртæн чи амыдта, ахæмтæ. Уыдоны хсæн мысинагдæр сты, хъæуы сæрæй куы райдайæм, уæд æппæтæ сæрæй цардис Бртъиаты Тоти –уæздан лæг уыди, йæ дæле – Бртъиаты Левыр, уый дæр диссаджы уæздан лæг. Æмæ ахæмтæ уыдысты тынг бирæ. Уæдæ- иу изæрыгон, фæсивæд ныртæккæйы хуызæн нæ уыд, фæлæ нæхи дуармæ уыд обау æмæ – иу нæл уым сбон. Уым- иу зарыдыстæм алкæйы дуармæ- иу хъазт сарæзтам афтæмæй- иу æрвыстам нæ уæгъд рæстæг».
Хъæуæн йæ номы равзæрды тыххæй та нын хистæртæ афтæ радзырдтой:«Раздæр, дам, ацы ран уыд бæзджын хъæд æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой сау адаг. Фæстæдæр дыууæ дзырды баиу сты. Рауад дзы хъæуы ном-Суадаг.
Рæстæджы цыдимæ хъæуы цæрджыты нымæц фылдæрæй фылдæр кодта, æмæ адæмы сæйрагдæр катай сси сабиты ахуыры фæндагыл самидин кæнын. Афтæмæй хъæуы арæзт æрцыд фыццаг скъолайы чысыл бæстыхай.
Къаболаты Альмæ, хъæуы библиотекæйы кусæг: «Хъæу куы æрбынæттон ис, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ скъолайæ куыд ис цæрæн, æмæ бауынаффæ кодтой. 1918-æм азы ацы ран сарæзын дыууæкъласон скъола. Ахуыр дзы кодтой дыууæ фæлтæры. Тынг бирæ рæсугъд адæм рацыд ацы скъолайæ, абон дæр ма йæ хъуыды кæнынц, абон дæр ма йæ мысынц. Аз дæр ма гыццыл чызг уыдтæн, уæддæр ма уыдис ацы скъола, ныр тæккæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæр бæстыхай у, бинонтæ дзы цæрынц. Ацы бæстыхайы та 1934 азы æрцыд арæзт скъола, уыдис авдазон, у дойнаг дурæй амад. Ныртæккæ дæр ма хъæуы баззадис ахæм цæрджытæ, ацы скъолайы ахуырдзаутæ чи уыдысты. Уыдоны зæрдæты баззадис ацы агъуыстмæ уарзондзинад. Ныр гыццыл фæцаудгомау ис бæстыхай, фæлæ уæддæр зæрдылдарынæн у».
Хъуыбадты Эльбрус: «Ардыгæй алы райсом дæр хъæуы сæрæй Пысылмонхъæумæ, стæй уæд та фæстæмæ. Фадат нæ уыдис æмæ уырдæм цыдыстæм алы бон дæр, цы бон дыл уыдис. Нæ бон куы уыдис, афтæ ахуыр кодтам».
1966 азы Суададжы бæстастæу сарæзтой ног райдзаст æртæуæладзыгон скъола.
Скъолайы мидфæлыстмæ гæсгæ зæрдæ райы. Йæ ахуыргæнджытæ, иу бинонтау, кæрадзиуыл æнгом æмæ æнувыд кæй сты, уый фыццаг бакастæй дæр бæрæг дары. Уæдæ ахуырдзаутæ дæр сты хæрзæгъдау æмæ зæрдæргъæвд.
Ацы аз нæ, фæлæ нæм авд азы размæ, паддзахадон проектмæ гæсгæ скъола райста тынг бирæ интерактивон фæрæзтæ. Уыдонæй абоны онг ахуыргæнджытæ дæр пайда кæнынц, сывæллæттæн дæр сæ гæнæнтæ фæхуыздæр сты. Ныртæккæ нæм, кæд се ппæт кълæсты нæй, уæддæр фылдæр кълæсты нæм ис проектортæ, интерактивон фæйнæджытæ . Цыппар азы размæ, наукон журнал касттæн, æмæ дзы фыст уыди, Европæйы мидæг кæцы скъолатæ ахсынц фыццаг бынæттæ, ома -иу ахуырдзаумæ интерактивон фæрæзтæй цал хауы, уымæ гæсгæ. Æмæ сæ мах куы анымадтам, уæд уыдыстæм цыппæрæм бынаты. Фæлæ абон, нæ сывæллæттæ кæй фæкъаддæр сты, уымæ гæсгæ та, æвæццæгæн, стæм фыццаг бынаты. Мæн зæгъын фæнды, кæй руаджы ис абон скъола уыцы уавæры, уыдоны тыххæй. Фыццаджы дæр Хæдарцаты Руслан. Цыфæнды фарстаимæ йæм куы бацæуæм, не скъолайы тыххæй, уæд нæ фæстæмæ никуы аздæхта. Уымæй уæлдай ма нын фæзындис иу спонсор. Цæры Магаданы, у не скъолайы рауагъдон, Къæлхитты Хъазыбег. Æхсæз азы дæргъы нын нæ алы хъуыддаджы дæр æххуыс кæны. Ацы аз нын баивта нæ дуæрттæ, бакодта ног рудзынгæмбæрзæнтæ æмæ сцалцæг кодта скъолайы къæсæртæ. Ацы аз нæ скълайæн у юбилейон. Æххæст ыл кæны 50 азы, æмæ нæхи цæттæ кæнæм.
1995 –азы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 50 азы юбилеймæ Суададжы арæзт æрцыд ног культурæйы хæдзар. Цымыдисаг уый у, æмæ ам иу цары бын баиу сты кæсæндон æмæ культурæйы артдзæст.
Къаболаты Альмæ, хъæуы библиотекæйы кусæг: «Фыццаг библиотекæ Суададжы байгом 1950-æм азы, куыста дзы Суадаггаг чызг Гуыриаты Замирæт. Уый фæстæ, 1954-æм азы, ног культурæйы хæдзар сарæзтой æмæ библиотекæ дæр уырдæм бацыдис. Куыста дзы Коцойты Соня. 60-æм азты та уыд Цопанаты Симæйы бæрны. Уый дзы фæкуыста æппæты фылдæр – 20 азы. Йе ‘нæхин, æнæзæрдæхудт куысты тыххæй ма йæ абон дæр æрымысынц адæм. Ам ахæм чингуытæ уыдис, æмæ – иу æнæхъæн республикæйæ дæр цыдысты адæм. 1958 азы дзы кусын байдыдтон æз. Мæ куысты сæйраг нысаныл нымайын рæзгæ фæлтæры зæрдæты чиныг кæсынмæ уарзондзинад гуырын кæнын. 1995 азы къолхозы хъæппæрис æмæ фæрæзтæй хъæуы сарæзтой ног культурæйы хæдзар, æмæ нæ уæд ардæм раивтой. Арæх хорзæхгонд æрцæуæм грамотæтæй. 2006-æм азы та архайдтам конкус – равдысты республикæйы æппæт библиотекæты хсæн. Бацахстам дзы фыццаг бынат. Балæвар нын кодтой музыкалон центр æмæ принтер».
Гаситы Зарæ, Суададжы культурæйы хæдзары разамонæг. «Æвæццæгæн, æй алчи дæр зоны, ныртæккæ никæцы клуб фæсте зайы. Алкæмæн дæр ис, цæмæй дзæбæх куса, ахæм фæрæзтæ».
Ис нæм кафджыты къорд, зарæггæнджыты къорд, драмон къорд. Сабитæ кусынц, зæрдиагæй нæм цæуынц . Нæ хъомылгæнинаг Бртъиаты Феликс фæци актерты факультет æмæ йын абон йæ куыстæй сæрыстыр стæм. Нæ иннæ æнтыстджын хъомылгæнинаг та у Кочиты Казик. Уый дæр ацы аз сси актер. Сæ дыууæ дæр бахъуаджы сахат, кæд фæнды дæр вæййынц нæ цуры. Нæ аивадон къордтæ, æрвыл аз алыхуызон фестивальтæ æмæ æркастыты архайгæйæ, бацахсынц фыццаг бынæттæ.
Ирон адæм æппæт дунейыл хъуыстгонд уыдысты сæ лæгдзинадæй. Лæгдзинад у бирæвæрсыг дзырд æмæ дзы æппæты разæй лæууы уæздандзинад. Нæ хъæубæстæйы цæрæг адæм уыдысты æмæ сты царды хæрзтæй хайджын. Бирæ хорз фæсивæд нæм ис спорты дæр æнæуый куыст дæр чи кæны. Спорты мæнæ Хæдарцаты Хазбийы лæппутæ. Зæххы къорийы ирон лæджы ном хорзæй айхъуысын кодтой. Хъыгагæн, хистæр, Аслан нал ис, æмæ рухсаг уæд, фæлæ йæ кæстæр- Махарбег, йæ размæ хæс сæвæрдта æмæ йæ кад æмæ радимæ сæххæст кодта, æртæ хатты олимпиаг чемпион сси. Иннæ æфсымæртæ, Руслан æмæ Æхсар дæр ам хъæуы цæрынц, хъæумæ бахъуаджы сахат сæ хъус хорз дарынц. Хъæуы цæрæг адæмæн тынг æххуыс кæнынц.
Хъæуы администрацийы 16 азы бакуыстон Хæдарцаты Русланимæ, ныр та кусын Седанты Асланимæ. Сæ дыууæ дæр хъæубæстæ уарзынц тынг æмæ æрвылбон дæр архайынц, цæмæй хъæубæсты цæрджыты цард хуыздæрæй-хуыздæр кæна. Сæ цæст дарынц скъоламæ дæр, стæй рæвдауæндонмæ дæр. Сабитæн хуыздæр цы ис, ахæм уавæртæ саразын у се стырдæр катай. Уыцы хъуыддаг æххæст кæныныл хиуыл æнауæрдгæйæ кусынц!
Æвæдза, диссаг у, ацы хъæубæсты цалдæр боны йеддæмæ нæ фестæм, фæлæ дзы нæ зæрдæты хæссæм диссаджы хъарм æмæ уарзондзинад! Рæствæндаг сты æмæ сын фылдæр бантысæд!

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania