филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:45 четверг, 28 марта 2024
30 октября 2016, 21:50
Артдзæст. Нартыхъæу

1920-æм азты, Куырттаты комы цалдæр хъæуы цæрджытæ, хуыздæр цард агур, сæ цæрæн бынæттæ хохæй быдырмæ раивын сфæндкодтой. Хъæууатæн сахицæн равзæрстой мæнæ ацы тæккæ ран, фæлæ ам дæр сæ размæ цæлхдурæн æрлæууыдысты ног хъизæмæрттæ-æвадат, æдзæрæг æцæгæлон быууат! Æрлидзджытæ сæ ныфс хуыздæрыл даргæйæ, сæ фæндæй нæатигъ сты æмæ æрæвæрдтой бындур Ирыстоны быдираг ног хъæуæн!
Мæнæ ацы хæдзары та цæры Быгъуылты Нинæ, уый ацы хъæумæ æрбафтыд хæрз гыццыл сывæллонæй 1926 азы, фæлæ абоны онг дæр ма, йæ цастытыл ирдæй уайынц раздæры царды нывтæ æмæ цаутæ. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, зын рæстæг дæр, дам, арвы цъæхæй зæххмæ хуры тын æркæсы! Хохæй æрбалидзæг адæм дæр ацы зæрæстон хæххытыл гыццыл куы æрбынæттон сты, уæд сæ ахсджиагдæр катай сси, сæ рæзгæ фæлтæры алывæрсыг райрæзтыл архайын. Уыцы хъуыддагæнтæй ахсджиагдæр цæджындз у ахуырад. Уымæ гæсгæ хъæуы цæрджыты иумæйаг бадзырдмæ гæсгæ, мæнæ ам сарæзтой скъола. Ахуыр дзы кодтой 200 йæ 300-йы сабийы онг. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæджы цыдимæ хъæуы цæрджытæ фылдæрæй фылдæр кодтой, æмæ ацы скъолайы бæстыхай æппæт ахуырдзаутыл нал æххæссыд, уымы гасгæ Нартыхъæуы аразын райдыдтой ног скъола, ам та цасдæр рæстæг уыд, завод «Бином»-ы дæлхайад .
Нартыхъæуы скъолайы, ахуыргæнджыты æмæ ахуыргæнинæгты хъæппæрисæй арæзт æрцыд хъæуы бæстæзонынады музей.
Ис ацы хъæуы ахæм адæймаг, йæ цард сабиты хъомыладæн чи снывонд кодта, йе стырдæр хæрзиуæг – йæ ахуырдзауты антыстдзинæдтæ кæмæн сты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania