филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:09 четверг, 28 марта 2024
06 июля 2017, 09:10
Дзуринæгтæ. Ирон дин фыдæлты фарнæй цæуы
Хурхæтæны мæйы 17-æм бон. Цъæйы ком. Рекомы Уастырджыйы бæрæгбон. Æнæхъæн Ирыстонæй ацы бон ардæм цы адæм æрбацæуы, уыдон нымæц азæй - азмæ кæны фылдæр.

Хурхæтæны мæйы 17-æм бон. Цъæйы ком. Рекомы Уастырджыйы бæрæгбон. Æнæхъæн Ирыстонæй ацы бон ардæм цы адæм æрбацæуы, уыдон нымæц азæй – азмæ кæны фылдæр. Ацы аз дæр сæ нымæцыл бафтыди цалдæр сæдæ адæймаджы. Рекомы кувæндонæн йæ бынат – алæмæты бæстæ, диссаг æмæ иттæг цымыдисон йæ арæзт, йæ историйæ дæр. Хуры ком, зæгъгæ, афтæ йын æмбарын кæнынц йæ номы равзæрд ирон адæм. Ууыл разы кæнынц ахуыргæндтæй дæр бирæтæ. 18-æм æнусæй фæстæмæ ацы историон æмæ удварны цыртдзæвæны тыххæй фыстой уырыссаг æмæ фæсарæйнаг иртасджытæ, фæстæдæр та ирон ахуыргæндтæ дæр. 1995-æм азы кувæндон басыгъди. Йæ фыццагагон хуызы йæ сног кæнынæн Дзанайты Слава æмæ йе мбæлтты бахъуыдис цалдæр азы удуæлдай фæллой. Æмæ райдыдта Рекомы ног цард
Рекомы Уастырджийы бынмæ цæуын æмæ йæм кувыны æгъдæуттæ сты бынтон сæрмагонд. Нæлгоймæгтæ йæм сæйраджыдæр цæуынц урс дарæсы æмæ бæгъæввадæй. Йæ бынмæ сылгоймаг нæ цæуы, уыдонæн ардæм æввахс ис сæрмагонд бынат Мадымайрæмы кувæндон. – æгъдаумæ гæсгæ ацы бынаты æмбæлди уыдис усгур лæппутæ æмæ чынддзон чызджыты зонгæ кæнын. Сæйраг кувæндоны та ацы аз дæр фæсивæд суанг изæрмæ зарыдысты, кафыдысты, хъуыстис сæ хъæлдзæг ныхас.
Рекомы Уастырджийы бæрæгбон рауад тынг аив, фидауцджын. Иу карз нозт дæр нæ, иу хæрам ныхас дæр нæ. Арфæтæ, хæларзæрдæ ахаст, Фыдызæхмæ уарзты æнъарæнтæ – ахæм у Рекомы Уастырджийы тых. Æмæ уый у æппæты сæйрагдæр. Ацы кадджын бæрæгбонмæ бацæуын йæ хæсыл банымадта Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania