08 апреля 2019, 19:00
Ирон аивады хæзнадон. Томайты Мысырби
Алы адæмыхаттмæ дæр уыдис , йæхи фæндыры цагъдмæ кадджытæ æмæ таурæгътæ чи кодта, ахæм адæймæгтæ. Дæсны кадæггæнджытæ нæ Ирыстоны бирæ уыди! Бæркадджын сты се сфæлдыстадон бынтæ - Нарты кадджытæ, фыдæлтыккон таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ.
Алы адæмыхаттмæ дæр уыдис , йæхи фæндыры цагъдмæ кадджытæ æмæ таурæгътæ чи кодта, ахæм адæймæгтæ. Дæсны кадæггæнджытæ нæ Ирыстоны бирæ уыди! Бæркадджын сты се сфæлдыстадон бынтæ – Нарты кадджытæ, фыдæлтыккон таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ. Кадæггæнæг Томайты Мысырбийæн уыд йæхи хъæлæс, йæхи митдуне, æууæлтæ. Хъыгагæн, Мысырби не хсæн нал ис, фæлæ йæ рухс ном, йæ зараг хъæлæс цæры ирон адæмы зæрдæты.