филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:31 суббота, 21 сентября 2024
18 июня 2019, 12:30
Гурыдзыйы Месхетийы раздæр цы туркæгтæ цард, уыдоны кæцыдæр хай историйы цаутæм гæсгæ æрбынат кодта Цæгат Ирыстоны

Туркаг-месхетинæгтæ цæрынц Гуырдзыйы дæр.

Цымыдисаг историимæ адæмыхаттыл у нæ дарддæры æрмæг. Гурыдзыйы Месхетийы раздæр цы туркæгтæ цард, уыдоны кæцыдæр хай историйы цаутæм гæсгæ æрбынат кодта Цæгат Ирыстоны дæр.
Ацы ацæргæ нæлгоймаг 44-æм аз мысы зæрдæсастæй. Туркаг-месхетинæгты департаци куы скодтой, уæд ыл цыди æрмæстдæр 12 азы. Джамалы йæ бинонтитмæ бавгæдтой товарласæн поезды.
Сæ фыдыуæзæг Месхетия баззади ивгъуыды. Æнæбары лыгъдадæмæй дыууæ мæймæ фæндагыл амарди 25 мин адæмагæй фылдæр.
Чи ма дзы баззади, уыдонæн сæ ног хæдзар хъуамæ суыдаид Цæгатаг Ази. Фазлиевты бинонтæ æрбынат кодтой Узбекистаны. Æнæ уавæртæ æмæ фадæттæй гæнæн æмæ амалæй сæхицæн скодтой царды гæнæнтæ. Баххуыс сын кодта уый, æмæ ацы адæмы хатт кæддæриддæр уыдысты куыстуарзаг. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæнынц зæххы куыст.
Сæнæфсир, картоф, уырыдзы, джитъри, пъæмидор, нуры. Иумæйаг куыст ныр дарддæр хæццæ кæнынц кæстæртæ. Зæххы куыст уарзын хъæуы зæрдæйæ, уæд адæймагмæ зын дæр нæ кæсдзæн, зæгъы Джамал Фазлиев.
Ахæм фæллойæ дарынц сæхи. Фæлæ æрмæст уый нæ. Туркаг – Месхетинæгтæ хъуыстгонд сты, зонындзинæдтæм кæй тырнынц, уымæй дæр. Хистæртæ æппæт тыхтæй архайынц, цæмæй сæ фæдонтæ райсой аккаг ахуырад.
Стыр æвæрæн бахастой хæсты рæстæг дæр. Сырх Æфсæдты сæ тох кодта 40 мин адæймаджы. 26 минæй фæмард сты. 8 дзы систы Советон Цæдисы хъæбатыртæ, 3-йæ та Намысы Ордены æххæст кавалертæ.
Цæгат Ирыстоны æдæппæтæй цæры 3500 туркаг-месхетинаджы. Сæ фылдæр сты Мæздæджы районы.
Кæддæр Ирыстоны æрбынат кодтой Фарамисовты бнонтæ дæр. Уыдон дæр ссыдысты Узбекистанæй. Бинонты хистæр Шанюсуб зæгъы, ис ын 6 кæстæры, уыдоны цот 17, стæй сæм фæзынди ныр цыппæрæм фæлтæр дæр. Стыр бинонтæ сты æнгом, арæх æрæмæбырд вæййынц иумæ. Сæхи хсæн дзурынц æрмæстдæр сæ мадæлон æвзагыл.
Шанюсуб куыд зæгъы, афтæмæй йын бирæ азты размæ йæ фыд, æмæ фыды фыд бауарзын кодтой фæллой кæнын. Абон царды аккаг бынат кæй бацахста, уымæй бузныг у йæ фыдæлтæй.
Уыцы рæстæджы Узбекистаны дæр уавæр сæ сабыртæй нæ уыди. Æмæ Фарамисовты бинонты бахъуыди ног цæрæн бынæттæ агурын. Хъуыддаг афтæ рауади, æмæ æрбынат кодтой Алагиры районы Рамонтыхъæуы.
Сæ кæстæрты кæстæртæ райгуырдысты Ирыстоны. Дзурынц 4 æвзагыл – уырыссаг, ирон, узбекаг æмæ туркаг.
Туркаг-месхетинæгтæ цæрынц Гуырдзыйы дæр. Уым ацы адæмы хаттæй ис 5 мин адæймагмæ хæстæг.
Фæлæ уæддæр туркаг-месхетинæгтæ сæ фыдæлты уæзæг хъуыды кæнынц, уарзынц, æмæ æууæндынц, искуы сæхи зæххытæм кæй аздæхдзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania