04 июля 2019, 17:10
Парламенты Совет рахæцыд федералон закъоны проекты фарс, ныхас дзы цæуы медицинæйы æмæ ахуырады кусджытæн сæ мызд 2 æппынкъаддæры фиддонтæй ныллæгдæр куыд нæ уа
Закъоны проект у парти «Рæстад Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Кучиты Гарийы хъæппæрис.
Парламенты Совет рахæцыд федералон закъоны проекты фарс, ныхас дзы цæуы медицинæйы æмæ ахуырады кусджытæн сæ мызд 2 æппынкъаддæры фиддонтæй ныллæгдæр куыд нæ уа.
Закъоны проект у парти «Рæстад Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Кучиты Гарийы хъæппæрис. Куыд загътой, афтæмæй уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй социалон нысаниуæг цы дæсныйæдтæн ис, уыдоны кад фæбæрзонддæр кæной. Ацы хъæппæрис æрвыст æрцæудзæн Федералон æмбырды закъонæвæрынады Советы æркастмæ. Кæд йæ фарс рахæцой, уæд æй бахæсдзысты Паддзахадон Думæйы депутатты æркастмæ.
темæмæ гæсгæ