филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:07 воскресенье, 01 февраля 2026
13 августа 2019, 12:52
Цæгат Ирыстоны райдайдзæн хъæууонхæдзарадон форум «Картофы быдырты Æппæтуæрæсеон бон»

Уыцы рæстæг та нæ республикæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæны картоф зайын кæныны куысты

15-æм августы Цæгат Ирыстоны райдайдзæн хъæууонхæдзарадон форум «Картофы быдырты Æппæтуæрæсеон бон». Архайдзысты дзы Уæрæсейы хъæууон хæдзарады Министрады минæвæрттæ, агропромышленнон комплексы управленийы разамонджытæ, агрономтæ æмæ фермертæ. Ныхас кæндзысты къабазы рæзтыл æмæ ног технологитыл. Уыцы рæстæг та нæ республикæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæны картоф зайын кæныны куысты. Зæгъæн ис, æмæ Цæгат Ирыстон ацы культурæйæ йæхи æххæст кæны уæлдайджынтæй. Уымæ гæсгæ фæлхасгæнджытæ дæр равзарынц бынæттон картоф. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ арæх фелхæнынц бынæттон картоф. Куыд зæгъынц, афтæмæй вæййы хæрзаддæр. Суанг ма февзарынц районтæм гæсгæ.

Горæтгæрон районы æнхъæлмæ кæсынц хъæздыг тыллæгмæ – гектарæй 300 центнеры онг. Зæгъæн ис, æмæ нæ республикæйы картофы куыстæй ахсы фыццаг бынат. Фарон та Цæгат Ирыстоны рæстæмбис нымадæй æрæмбырд кодтой 170 центнеры иу гектарæй. Горæтгæрон районы ацы аз фæфылдæр кодтой картофы фæзуæттæ мин æмæ 500 гектары онг. Кæд тынг бирæ нæу, уæддæр бæркадджын тыллæгæн фаг уыдзæн, зæгъынц специалисттæ.

Районы раззагдæр куыстуæттæй иу хъæууонхæдзарадон кооператив «Горянка». Ам æнхъæлмæ кæсынц хъæздыг тыллæгмæ. Хæдзарады алцыдæр конд у агрономийы наукæмæ гæсгæ. Æххæст кæнынц бæлвырд домæнтæ. Зæгъæм – картоф зайын кæныны технологон картæ. Ам фыст ис алцы дæр.

Горæтгæрон районы картофы куыст кæнынц 6 хæдзарады. Сæ иу у чысыл, æмæ арендæйы бирæ быдыртæ нæ исы. Зайын дзы кæнынц картофы 3 мыггаджы. Цалдæр боны фæстæ райдайдзысты фыццаг æмбырд кæнын.

Тыллæг æрæмбырд кæнын – уый иу хъуыддаг у. Хъæуы ма йæ сæмбырд кæнын æмæ ауæй кæнын. Ам та хъæуы бæстон ахъуыды кæнын æмæ стыр куыст бакæнын. Базары аргъæй аразгæ у, æфтиаг уыдзæн, æви нæ, уый.

Цæгат Ирыстон йæхи картофæй ифтонг кæны æххæстæй. Фермертæ куыд зæгъынц, афтæмæй ма сæм æмæ се мкусджытæм алы регионтæй ныридæгæн дæр баззад фароны тыллæгæй картоф.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania