19 августа 2019, 14:41
Зæрæмæджы ГЭС-ы кæронмæ фæхæццæ кæнынц арæзтадон куыстытæ
Станцæ Цæгат Кавказы регионы нымад у æппæтæй стырдæрыл
Зæрæмæджы ГЭС-ы кæронмæ фæхæццæ кæнынц арæзтадон куыстытæ. Станцæ Цæгат Кавказы регионы нымад у æппæтæй стырдæрыл. Ныртæккæ дзы специалисттæ фæлварынц системæйы æмæ аварион донцъирæны куыст. Цæттæ у 14 км дæргъæн деривацион тъунел æмæ сæрмагонд бассейн. Ног станцæйы куыст ратдзæн республикæйы электрон тыхы дефицит 80% 30 % фæкъаддæр кæныны фадат.




