13 августа 2019, 16:27
Не ‘взаг- сæ хæзна. Умужаз Умаева
Æрыгон хъуымыхъхъаг чызг Умужаз Умаева, йæ ныййарджыты фæндоны сæрты ахизгæйæ, йæ цард сбаста ирон лæппу- Кусурты Юриимæ. Уый тыххæй йын Дагестанмæ, йæ фыды хæдзармæ, бирæ азты фæндаг нал уыд. Цалынмæ æнахъом сабитимæ идæдзæй нæ баззад, уæдмæ. Фæлæ Умужаз йæ къухтæ дæлæмæ не руагъта. Ацы фæлмæн, уæздан сылгоймаг уды хъæдæй разынд æмбисонды фидар. Ныббыхста царды æпппæт зындзинæдтæн дæр. Куыста дысфæлдæхтæй, лæггад кодта йæ зæронд æфсинæн. Йæ сидзæр сывæллæттæн уыд мад æмæ фыды бæсты дæр. Афтæмæй сæ ракодта адæмы рæгъмæ. Абон йæ цотæй, Марат æмæ Фатимæйæ, сæрыстыр у æгас мыггаг. Умужазы та нымайынц Кусурты, стæй Змейкæйы хъæубæсты кадджындæр сылгоймæгтæй иуыл.