филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:58 воскресенье, 01 февраля 2026
05 сентября 2019, 17:15
Октябрьскæйы абон арæзт æрцыд аргъуыд

Баст уыд ног аргъуаны арæзтад райдайынимæ. Аргъуыд скодта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Алчер Леонид.

Октябрьскæйы абон арæзт æрцыд аргъуыд. Баст уыд ног аргъуаны арæзтад райдайынимæ. Аргъуыд скодта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Алчер Леонид.

Горæтгæрон районы чырыстон диныл хæст адæм аргъуаны арæзтадмæ æнхъæлмæ кастысты 20 азы онг. Ныртæккæ та уымæн фадат фæзынд зæрдæхæлар адæмы фæрцы. Ног кувæн бынатæн уал радих кодтой зæххы хай. Кусынц проектон-сметон документацийыл. Цæттæгæнæн куыстытæ уал райдыдтой. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзæн сæйраг арæзтад. Абоны ахсджиаг мадзалмæ æрбацыд бирæ уырнæг адæм. Аргъуыды фæстæ арæзтадон техникæ скъахта фыццаг зæххы хай, афтæмæй бындур сæвæрдтой арæзтадон куыстытæн. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Алчер Леонид куыд загъта, афтæмæй фидæны аргъуан уыдзæн куыд чырыстон дины объект, афтæ фæлладуадзæн зонæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania