филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
27 сентября 2019, 15:31
Абон Уæрæсейы 15-æм аз бæрæг кæнынц хъомылгæнæджы, æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырады кусджыты бон

Уыдон сæ размæ канд хъомылгæнджыты хæстæ не вæрынц, фæлæ ма сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын æмæ ахуырады нырыккон домæнтæн дзуапп дæттын

Абон Уæрæсейы 15-æм аз бæрæг кæнынц хъомылгæнæджы, æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырады кусджыты бон. Уыдон сæ размæ канд хъомылгæнджыты хæстæ не вæрынц, фæлæ ма сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын æмæ ахуырады нырыккон домæнтæн дзуапп дæттын. Ахæм хъомылгæнджытæ кæм ис, уыцы рæвдауæндæдтæй иу у Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндон. Бабæрæг æй кодта не сфæлдыстадон къорд. 

Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндоны ныртæккæ цалцæггæнæн куысытæ цæуынц, фæлæ уæддæр йæ коллектив цæуы куыстмæ æрвылбон, сæ хъомылгæнинæгтæ та æдзухдæр сты сæ хъуыдыты, æмæ сæ зæрдæты. Афтæ зæгъы йæ царды фылдæр хай сывæллæтты хъомыладæн чи балæвар кодта, уыцы Тауытты-Гæтиты Сулейманы чызг Ларисæ.

Ларисæ йæ дæсныйадыл йæ зæрдæ никуы сивта. Сывæллæттæм уарзондзинад та йæм афæдзæй афæдзмæ кодта æмæ кæны тыхджындæр.

Тауытты Ларисæ мады ад кæны сæдæгай сабитæн. Хъомылгæнæджы фæлтæрддзинад æм ис 49 азы, æмæ хорз æмбары, нырыккон ныййарджытимæ куыд кусын хъæуы, уый.Йæ фæлтæрддзинад æнæбафиппайæн нæй йæ хъомылгæнинæгты арæхстдзинадыл дæр. Йæ рауагъдонты зонындзинæдтæ æдзухдæр вæййынц бæрзонд æмвæзадыл. Фæархайынц алыхуызы конкурстæ æм æркастыты.

Дзæуджыхъæуы65-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ сты310, сæ хъомылгæнджытæ та40-æй фылдæр.Ам архайынц алы сывæллоны зæрдæмæ дæр фæндаг ссарыныл. Рæвдауæндоны директр Чертхъоты Людмилæ аразы æппæт гæнæнтæ дæр йæ коллективæн, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтимæ кусой нырыккон домæнтæм гæсæгæ.

Хъомылгæнæджы архайдæн аккаг аргъ зын скæнын у. Уыдон, цалынмæ ныййарджытæ куысты сты, уæдмæ архайынц кæстæртæн раст хъомылад раттыныл, æхсанадмæ сæ ракæныныл. Уый та у бæрнон æмæ вазыгджын хæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania