филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:37 среда, 17 декабря 2025
01 октября 2019, 17:00
Сывæллæтты фæлладуадзæн æмæ дзæбæхгæнæн бынæтты уавæр бæрæг кæндзæн сæрмагонд кусæг къорд

Ахæм уынаффæ абон рахастой Хицауады æмбырды.

Сывæллæтты фæлладуадзæн æмæ дзæбæхгæнæн бынæтты уавæр бæрæг кæндзæн сæрмагонд кусæг къорд.

Ахæм уынаффæ абон рахастой Хицауады æмбырды. Тускъаты Таймураз дзуаппдæттæг куыстуæтты размæ сæвæрдта хæс – сывæллæтты æдасдзинады мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнын.

Æмбырды ма уымæй уæлдай ныхас цыди медицинон фæдзæхстады, арæзтады, хъæууон хæдзарады къабазы паддзахадон программæтæ царды уадзыны фарстатыл.

Фæндæгты хæдзарады комитеты разамонæг дзуапп радта 9 мæйы куысты хатдзæгты тыххæй. Хæрзхъæддзинады домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм фæндæгты нымæц фæкъаддæр 2 хатты. Бæрнон кусджытæ æрдзырдтой подрядон организациты лыггæнинаг фарстатыл дæр. Тускъаты Таймураз карзæй бадомдта, цæмæй ацы къабазы куыст снывыл кæной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania