филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:43 вторник, 03 ноября 2026
03 октября 2019, 12:00
Падзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабæн фембæлд уыди Бæслæны цæрджытимæ

Æппæты ахсджиаг фарстатæ баст уыдысты цæрæнуæтты–коммуналон хæдзарады æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазимæ.

Падзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабæн фембæлд уыди Бæслæны цæрджытимæ.

Æппæты ахсджиаг фарстатæ баст уыдысты цæрæнуæтты–коммуналон хæдзарады æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазимæ.

Цы курдиæттимæ йæм æрбацыдысты адæм, уыдоны хсæн ма уыдысты сывæллæттæн спортивон фæзтæ, æмæ æндæр социалон объектæ саразын. Ææдæппæтæй фембæлдмæ æрбацыд 50 адæймагæй. Сæ фарсатæн сын дзуапп лæвæртта Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæрдар Фрайты Сослан, администрацийы сæргълæууæг Беркъаты Константин æмæ парламенты депутат Гутъиаты Вячеслав. Мæхъиты Зураб зæрдæ бавæрдта алы адæймагæн дæр кæй баххуыс кæндзæн, æмæ иннæ бæрнон кусджытæн дæр кæй бахæс кæндзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania