филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:22 воскресенье, 01 февраля 2026
14 октября 2019, 12:40
Абон чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Мады Майæрæмы кæрдæн — покров день

Бæрæгбон нымад у æппæты ахсджиагдæрыл Куадзæны фæстæ. Абон диныл хæст адæм фæкувынц Мады Майрæммæ æмæ йыл фæфæдзæхсынц сæхи æмæ сæ бинонты.

Абон чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Мады Майæрæмы кæрдæн — покров день.

Бæрæгбон нымад у æппæты ахсджиагдæрыл Куадзæны фæстæ. Абон диныл хæст адæм фæкувынц Мады Майрæммæ æмæ йыл фæфæдзæхсынц сæхи æмæ сæ бинонты. Æнæмойгонд чызджытæ аргъуаны сæвæрынц мыдадзын цырæгътæ, цæмæй сæ амонд ссарой, уый тыххæй. Незамантæй фæстæмæ Мады Майрæмы кæрдæнæн баззадысты йæхи æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Бæрæгбон нысан кæны сæрд æмæ зымæджы хсæн арæн. Мады Майрæмы кæрдæнты æвваст фæуазал вæййы, æмæ уый тыххæй хъуамæ уыцы бонмæ тыллæг æфснайд æрцæуа. Нырыккон дуджы та ныффидар ис, Мады Майрæмы кæрдæны бон чындзæхсæв аразыны фæтк. Фæзæгъынц, уæд дам ног бинонтæ цæрдзысты æнгомæй, хæларæй æмæ уарзонæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania